preloader
сейчас в эфире
17:50
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Зилгæйы 9 аздзыд сывæллон йæхимæ йæ къух систа

17.04.2018 0:06

Цы кодта сывæллон, цæмæн бакодта афтæ æмæ цæмæй нæ уыд разы йæ царды?

Зилгæйы цы æвирхъау цау æрцыд, уый æнæхъæн республикæйы цæрджыты зæрдæтæ сæнкъуысын кодта. 9 аздзыд лæппу йæхиуыл йæ къух систа. Цы кодта сывæллон, цæмæн бакодта афтæ æмæ цæмæй нæ уыд разы йæ царды? Ныртæккæ ацы фарстатæн дзуапп раттыныл кусынц слестгæнæн оргæнтæ. Байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр уæлдай цæстдард здахы ацы фарстамæ. Иутæ зæгъынц, сывæллоны хъыгдæрдтой скъолайы. Уым та дзурынц иннæрдæм, ома аххосджын сты бинонтæ сæхæдæг, зæгъгæ. Чи сæ у раст? Нæ уацхæсджытæ хъуыддагмæ æркастысты лæмбынæг.

9 аздзыд Оледжы бинонтæ гуырысхо нæ кæнынц: лæппуйы мæрдтæм батардтой скъолайы. Йæ фыды мад куыд дзуры, афтæмæй сывæллон арæх скъолайы фæстæ уыд æрхæндæг зæрдæ. Фарон ын, бинонты ныхæстæм гæсгæ, ахуыргæнæг йæ ныхыл ныффыста æвзæр бæрæггæнæн – дыууæ, æмæ йæ йе мгæртты хсæн фæхудинаг кодта. Йæ царды фæстаг бон та афтæ тыхст уыд æмæ æхсæвæрæй иу комдзаг дæр нæ акодта.

Скъолайы аххосджын сæхи нæ хонынц. Зæгъынц, ахуыргæнджытæ сывæллæтæм тынг дзæбæх цæстæй кæсынц. Уæлдай дæр та хъæуккаг скъолайы. Иууылдæр зонгæтæ æмæ хиуæттæ кæм сты, уым.

Ахуыргæнæджы аххос дзы кæй нæй, уый уырны хъæуы стыр ныхасы минæвæртты дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, цалдæр азы цæуынц скъоламæ, æмæ кæсынц сывæллæттæм цы цæстдард цæуы, уымæ.

Ахуыргæнæджы сæрыл ма хæцынц Оледжы æмкъласонты ныййарджытæ дæр. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй ахуыргæнæг йæхимæ никума æркæсын кодта. Сывæллæттæ дзы сæхæдæг никуы рахъаст кодтой. Скъолайы фæкуысты 28 азы.

Зилгæйы хъæуы ма афтæ дæр дзурынц: бинонтæн сæхи аххос у. Уавæр уым сæ хуыздæртæй нæ уыд. Мад æмæ фыд ахицæн сты. 4 азы размæ. Мад ацыди Мæскуымæ. Олег та царди йæ фыдимæ, фыды мад æмæ фыды фыдимæ. Сывæллон мады мысыд. Йе мбæлттæй иу загъта, фыдбылызы бон, æнкъард кæй уыд, фæндыди йæ мады фенын.

Чи у уæдæ аххосджын? Хъуыддагмæ нырма лæмбынæг æркæсдзысты. Фæлæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг æххæстбарджын минæвар Кокайты Артур гуырысхо нæ кæны: лæппуйы йæхи амарыны онг æртардтой. Фæлæ, чи?

Æртæ боны размæ чысыл лæппуйы бавæрдтой. Хæдзары, йæ уаты та алцыдæр куыд уыд, афтæ. Ницæмæ æвналынц. Дзаумæттæ, хъазæнтæ сæ бынæтты. Лæппу нал ис, æрмæст ма йæ уарзон адæммæ къамæй йæ мидбылты худы. Слестгæнæн къамисы байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Уыцы иу рæстæг цæуы медицинон экспертизæ дæр. Скъоладзауты æмæ ахуыргæнджыты, хæстæджыты æмæ сыхæгты фæрсынц. Фæдæвзарæн мадзæлттæ дарддæр æххсæт кæнынц.

Гогаты Марат

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Закрытие фестиваля «Вахтангов. Путь домой» I Доброе утро, Осетия!
13.07.2026
В итоге: 12 июля
12.07.2026
Измаил Бурнацев | На все времена
12.07.2026
Летние болезни | Медикум
12.07.2026
Петр Гериев | Гвардия
11.07.2026
Сæбæтхъуаты Ирбег æмæ Эльзæ | Бинонтæ
11.07.2026
Хетаг Цаболов I По большому счету
10.07.2026
«Тæвдтуг» чындзхæсджытæ æмæ культурæйы кусджыты æнтыст I Йæ рæстæгыл
10.07.2026
Здоровый образ жизни I Доброе утро, Осетия!
10.07.2026
Победа североосетинских спортсменов на чемпионате России по легкой атлетике, выступление студентов республики на «Российской студенческой весне» и актуальные новости прошедшей недели | Самое время
9.07.2026
Кавказаг модæйы къуыри æмæ æрыгон кондитеры æнтыстытæ | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
9.07.2026
Голос вечности. Памяти Ольги Джанаевой I ДОК
8.07.2026
Семейная политика — успехи и серьёзные вызовы I Национальные интересы
8.07.2026
Праздничный эфир. День семьи, любви и верности
8.07.2026
День семьи любви и верности I Доброе утро, Осетия!
8.07.2026
Все рекомендуемое