Тагъд рæстæджы иронау сдзурдзысты мультипликацион киноныв «Æртæ богалы æмæ Мысыры æхсин»-ы хъайтартæ. Проектыл кусынц Цæгат Ирыстоны национ спортивон хуызтæ, хъæзтытæ æмæ культурæйы федерацийы.
Ныридæгæн мультипликацион киноныв æнæхъæнæй ратæлæлмац кодтой, агурынц ма фæскадры хъæлæстæ. Проект аразджытæ рæзгæ фæлтæры ‘хсæн мадæлон æвзаг фыццаг аз нæ парахат кæнынц. Раздæр ма ратæлмац кодтой «Маша и медведь» æмæ «Фиксиктæ». Фидæны та иронау сдзурдзысты «Лео æмæ Тигр» стæй «Ми-ми-мишки».
Ирон федерацийы уæнгты ныхæстæм гæсгæ, сæ сæйраг хæс у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзтыл бацархайын. Уый хыгъд, сабитæ иронау цæмæ кæсой, ахæм æрмæг фылдæр уа. «Æртæ богалы æмæ Мысыры æхсин» экрантыл фенæн уыдзæн ног азы райдианы.
















