Горæты фæлгонцады уавæрмæ Адæмон фронты уæнгтæ æппынæдзух сæ хъус дарынц. Ныр дæр сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы бирæфатерон хæдзæртты кæртыты уавæр, стæй цалцæггонд фæндæгтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй цæрджытæ сæ уавæртæй разы не сты. Ранæй-рæтты ма æнæниздзинадæн дæр тæссаг у. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, афтæмæй уавæр афæдзæй-афæдзмæ фыддæрæй фыддæр кæны.
Улæфæн бынаты бæсты хæдтулгæтæ æвæрæн, алырдыгæй доны хæтæлтæ зынынц. Бадæн бынæттæ та дзы уæвгæ дæр нæй. Ахæм фарстаимæ Адæмон фронтмæ фæсидтысты Хъесаты Астаны номыл уынджы цæрджытæ. Хæдзары кæрт ис фæндаджы ‘рдыгæй. Уый тыххæй адæм сæ фæллад фæуадзынц, хæдзары иннæ фарс цы бæлæстæ ис, уыдоны цур. Фæлæ уым дæр уавæр хуыздæр нæу.
Ам фæстаг хатт цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты 1988-æм азы. Афтæмæй та бирæуæладзыгон хæдзары цæры 200 бинонтæй фылдæр æмæ сын æндæр улæфæн бынат нæй.
Адæмон фронты уæнгтæ æркастысты Къостайы проспекты ногарæзт фæндаджы уæлцъармæ дæр. Цалцæджы размæ æнæхъæнæй дæр уыд пырхытæ. Фæлæ ныр дæр эксперттæм иттæг хорз нæ фæкаст. Бордюртæ раст æвæрд не сты, се ‘ддаг хай та уæвгæ дæр асфальтгонд нæу. Уымæй уæлдай, арæзтадон бырон дæр аразджытæ сæ фæстæ æххæстæй нæ айстой æмæ цæрджытæн сæхи æфснаинаг фæци. Сæ хъаст бынæттон администрацимæ арвыстой, фæлæ сын дзуапп нæ радтой.
Иннæ ран та ног бордюртæ амалхъомты куыст къуылымпы кæнынц. Тауитты Альбинæйæн ам ис хойрæгты дукани. Администрацийæ йын бар дæр раттой, цæмæй йæ куыстуатмæ æнæкъуылымпыйæ бацæуæн уа. Фæлæ фæндаг бордюртæй æхгæд æрцыд. Ныр товар æвдæлон кæнынц фæндаджы астæу. Уый æдас нæу.
Цæрджыты хъæстытæм Адæмон фронты эксперттæ сæ хъус дардзысты. Фиппаинæгтæ арвитдзысты профилон ведомствæтæм.
















