preloader
сейчас в эфире
10:46
АИВАДЫ ФÆЗ 12+
Смотрите Далее
11:45
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ 12+
12:20
МУЗЫКÆ 12+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:15
ВРЕМЕНЩИК 12+
14:05
ПРОСВЕТИТЕЛЬ 12+
ТВ ПРОГРАММА
АИВАДЫ ФÆЗ 12+
close

Рубайты Лианæ 16 азы дæргъы кусы дунейы аивадон культурæйы ахуыргæнæгæй

5.10.2021 19:46

Сцымыдис кӕнын ахуырдзауты, семӕ ӕргом ныхас акæнын æмæ алы сывæллоны цæстыты дæр зонынзинды цæхæр фенын. Уый у Льянæйы куысты сæйраг нысан.

Сабитимæ æнгом æмæ æнувыдæй чи кусы, уыдоны ‘хсæн — Рубайты Лианæ дæр. 16 азы дæргъы 44-æм скъолайы ахуырдзаутæн архайы аккаг æмвæзадыл æппæт ахуыртæ дæр цæттæ кæнын.


Рагон архитектурæйы цыртдзæвæнтæ куыд фæзындысты? Аивад куыд сæвзæрд? Рубайты Лианæйы уроктæ сабитæн сты аивадон культурæйы дунемæ фæндаг. Сцымыдис кӕнын ахуырдзауты, семӕ ӕргом ныхас акæнын æмæ алы сывæллоны цæстыты дæр зонынзинды цæхæр фенын. Уый у Льянæйы куысты сæйраг нысан.

Йæ урокты педагог архайы сабиты ахуыр кæнын иннæ предметты зонындзинæдтæй дæр пайда кæныныл. Истори, биологи, физика. Пайда кӕны алуыхуызон методикæтæй. Йæ алы урокмæ дæр сывæллæттæ бæллынц.

Ахуыргæнæджы дæсныйад æмæ дунейы аивадон культурæ Рубайты Лианæ бауарзта йæхи ахуыргæнæджы руаджы. Каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг филологийы факультет. Равзæрста истори æмæ аивады теорийы хайад. 5-æм курсы та æрбацыд йæ уарзон скъоламæ кусынмæ. Ныр 16 азы дæргъы йæ дæсныйадыл у æнувыд.

Цы рæстæг кусы ахуыргæнæгæй, уæдмæ Лианæйы фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ зынгæ фæхъæздыгдæр сты. Фæлæ, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хорз урокы сæйраг миниуæг у, сывæллæттæм ирд æнкъарæнтæ кӕй баззайы, уый.

Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы ахуыргæнджытæй бирæтæн Лианæ канд æмкусæг нæу. Ахуыргæнæг у ацы скъолайы рауагъдон. Ахуырдзауæй фæлтæрдджын педагогы онг фæндагыл ацыд сæ цæстыты раз.

Ацы ахуыры аз Рубайты Лианæ райдыдта куыд скъолайы директоры хæдивæг хъомыладон куысты фарстаты фæдыл. Йӕхӕдӕг куыд зæгъы, афтæмæй йæ бон уыдзæн сывæллæттимæ ноджы æнгомдæрæй æмгуыст кæнын.

Хуасдзауты Алинæ

Читайте также
Все новости
Благоустройство своего города. ЦУР
Темы
Рекомендуем
Выборы Президента России, присоединение Крыма и Севастополя, этномода
18.03.2024
В итоге: 17 марта
17.03.2024
Руслан Тагиев
17.03.2024
Виктор Бабочиев
17.03.2024
Избыточный вес
17.03.2024
Гепатит
17.03.2024
Алика Стеблянская и Георгий Цховребов
15.03.2024
Æлхуйнæ. 1993 анз
15.03.2024
Уататы Бибойы райгуырæн бон, Комбæттæн æмæ скъолайы хæринаггæнæджы æрхъуыды
15.03.2024
Чемпион России по футболу Бахва Тедеев
14.03.2024
МИРоощущение: 14 марта
14.03.2024
Защита прав потребителей, иностранные участники ВФМ и творчество Бориса Галати
14.03.2024
Директор академии футбола Роберт Битаров
13.03.2024
Альбина Плаева
13.03.2024
Выборы 2024. Дебаты. 13 марта
13.03.2024
Все рекомендуемое