Хорз лæджы кой дардмæ хъуысы. Ирыстоны ахæм лæджы хуызæн лæгтæй æнæмæнг иу у нæ равдысты хъайтар дæр – нæ куырыхондæр хистæртæй иу, Советон Цæдисы сгуыхт металлург, «Иры Стыр Ныхас»-ы советы уæнг Ӕгайты Ким Андырийы фырт.
Йæ царды фылдæр бонтæ 92-аздзыд Ким арвыста завод «Электроцинчы», йæ фæллойадон къæбиц æрнымадта 52 азы!
Дзæуджыхъæуы Металлургты галуаны рæзты цæугæйæ, адæймаг кæсгæйæ баззайы йæ къулыл фараст метры бæрзæндæн нывтæм. Зындгонд нывгæнджытæ Гасситы Умар æмæ Калманты Батыр, зæгъынц, заводы тайынгæнæн цехы тæвд пецы цур Ӕгайы-фырты йæ хид калгæйæ куы федтой, уæд æнæ дызæрдыгæй равзæрстой уый сурæт Металлургты галуаны разуындмæ.
















