Ацы бонты йæ тыхы бацыди «Хъæуы иумæйаг рæзты» паддзахадон программæ 2025-æм азы онг. Йæ сæйраг нысантæ сты æртæ. Хъæуты цæрджыты нымæц фæфылдæр кæнын, сæ мыздыл сын бафтауын, стæй сын фæхуыздæр кæнын сæ цæрæнуæтты уавæр. Уыцы нысантыл кусгæйæ æргом здæхт цæудзæн ахуырады фарстытæм дæр. Æмæ сæ сæйрагдæртæ сты, скъолаты æмæ рæвдауæндæтты уавæр хуыздæрырдæм аивын, стæй сæ нырыккон кусæнгæрзтæй сифтонг кæнын.
Æмæ а изæр бæлвырддæр æрныхас кæндзыстæм Кировы районы Хъахъхъæдуры скъолайыл. Не `ргом ацы ахуыргæнæдонмæ цæмæ аздæхтам, уый сбæрæг уыдзæн цалдæр минуты фæстæ. Ныр та уал уæ базонгæ кæндзынæн не студийы уазджытимæ: Цæгат Ирыстоны арæзтады æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Бæззаты Дмитрий, Цæгат Ирыстоны ахуырыды æмæ наукæйы министрады хайады сæргълæууæг Нæкуысаты Иринæ, Кировы районы ахуырады управленийы сæйраг специалист Уаниты Солтан æмæ Хъахъхъæдуры скъолайы директор Уртаты Ирыстон.
Æрæджы нæм нæ редакцимæ бадзырдтой Кировы районы Хъахъхъæдуры цæрджытæ, æмæ загътой: фæкæсут нам, æрцæут æмæ нын не скъолайы уавæртæ равдисут. Фæнды нæ, цæмæй нæм хицауад се ргом раздаха, æмæ хъæуы скъоламæ базилой.