Цæгат Ирыстоны архайынц арæзтадон къабазы кусджыты бацæттæ кæныныл. Цалдæр боны фæстæ Дзæуыджхъæуы ацæудзæн фæсивæдон арæзтадон форум «Строим Осетию». Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы æрæмбырд уыдзысты, арæзтадон дæсныйадмæ бар чи дары æмæ йæм йæхи чи цæттæ кæны, ахæм студенттæ æмæ скъоладзаутæ. Форумы программæ, зæгъынц, уыдзæн цымыдисаг.
Цæгат Ирыстоны сывæллæтты клиникон рынчындон сбæрæг кодта йæ юбилей. Йæ кусджытæ нæ республикæйы æмæ сыхаг регионты сывæллæтты æнæниздзинадмæ къæрцхъусæй лæууынц ныр 85 азы. Фæстаг азты дзы фæзынд соматикон, хирургон корпустæ. Фæстæдæр — ноггуырдты реанимацион хайад æмæ урологон хайад. Канд Цæгат Кавказы нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы медицинон куыстуæттæ дæр сæ цæст æрдардтой цæгатирыстойнаг дохтырты æвзыгъддзинадмæ. Сæхимæ цы хъæппæрис айстой, уымæ бирæ регионты абон дæр ма хæлæг кæнынц. Нæ республикæйы сывæллæтты клиникон рынчындоны юбилейыл, йе нтыстытæ æмæ бакусинаг хъуыддæгтыл ныхас кæнæм «Йæ рæстæгыл».
















