Много ли, мало ли прошло дней — кто знает? — но вот настал день, и из долгого похода вернулся нарт Бурафарныг. Решил он устроить большой пир.
- Главная
- Телепроекты
- Нарты кадджытæ
- Выпуск от 04.02.2019
Арвычызг
Нарты кадджытæ
Арвычызг Бæртæлæджы хæдзары æррынчын, æмæ йæ хъæрзын цыди.
Æмæ Бæртæлæг афарста йæ усы:
– Куыд у нæ рынчын?
– Тынг уæззау, фæлæ дард ма фæцу.
Бæртæлæгæн хъæдмæ æнæцæугæ нæ уыд, æмæ, суанг цалынмæ ‘рбабон,уæдмæ уым фæци. Боныцъæхтыл зæрватыкк ратахти, æмæ хæрзæггурæггаг фæци Бæртæлæгмæ:
– Арвычызгæн лæппу райгуырди.
– Табу Хуыцауæн – Нартæ мыггагдзагъд нæ фесты. Фæтæх адæмыуарзон, Хуыцаумæ ‘мæ йын зæгъ: хæрæфырт ын райгуырди.
Зæрватыкк атахти Хуыцаумæ ‘мæ йын загъта:
– Дæ хæрзæггурæггаг мæн, Хуыцау! Хæрæфырт дын райгуырди.
– Уæдæ йæ ном Уæрхæг фæуæд. Атæх фæстæмæ, æмæ зæгъ Бæртæлæгæн – сырды ‘хсыры йæ ныннайæд. Дæхæдæг та Нартæн мыггагмæ фидиуæг-хъæргæнæг фæу.
Зæрватыкк ратахти ‘мæ Бæртæлæгæн Хуыцауы фæндон загъта.
Стæй та фездæхти фæстæмæ зæрватыкк. Æмæ йæм Бæртæлæджы ус дзуры:
– Фæтæх та Бæртæлæгмæ ‘мæ йын зæгъ: «Дыггаг цæрæццаг дæр райгуырди Арвычызгæн».
Зæрватыкк та Бæртæлæгмæ батахти:
– Дыггаг лæппу дæр та райгуырди Арвычызгæн.
– Фæцу та уæдæ Хуыцаумæ.
Æмæ зæрватыкк Хуыцаумæ атахти.
– Дыггаг хæрзæггурæггаг: Арвычызгæн дыккаг лæппу райгуырд.
– Уæдæ йæ ном Уæрхтæнæг фæуæд, дæхæдæг та адæмæн адджын фæу. Зæгъ Бæртæлæгæн, æмæ йæ сырды ‘хсыры ныннайæд.
Зæрватыкк ратахти ‘мæ Бæртæлæджы цур абадт:
– Хуыцау дыггаг гуырды та Уæрхтæнæг ысхуыдта. Уый дæр сырды ‘хсыры найынкæны.
– Батæх нæхимæ, фыдæбоны дæ бафтыдтам, æмæ зæгъ не фсинæн: доны хъæстæ цæ ма фæкæнæд, цалынмæ йын æз зæгъон, уæдмæ.
Зæрватыкк ратахт æмæ дзуры Бæртæлæджы усæн:
– Хуыцауызондæй, цалынмæ Бæртæлæг зæгъа, уæдмæ цын сæ буар доны хъæстæ ма фæкæн.
Уæд Бæртæлæг рацахста цалдæр сырды, къуприты цæ радыгъта æмæ цæ бахæддзæкодта сæ хæдзармæ.
Бæртæлæджы ус æмæ Арвычызг сырды ‘хсыры æрыхсадтой лæппуты æмæ цæхæр ыскалдтой сæ дыууæ дæр.
Бæртæлæг Нарты лæппутæн куывдтæ фæкодта. Æрхуыдта арвыцæрджыты. Скодта Донбеттырты дæр, æмæ цæ æнæхъæн къуыри нал ауагъта.
Бахъомыл ысты чысылгай Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг Бæртæлæджы хæдзары.
Иубон сыхæгты чызг суадонæй дурыны дон æрцæйхаста. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг федтой чызджы ‘мæ кæрæдзимæ бакастысты. Уæрхæг йæ къухы ‘нгуылдзтыл фатбос авæрдта, æмæ цæнгтыл ахæцыди фæйнæрдæм, фатбос айтынгкодта. Уæд Уæрхтæнæг бæрзыкъалиуæй фат ацарæзта, йæ фындзыл ын ызгъæр абаста, æмæ Уæрхæджы уæхскæй фехста чызджы дурын. Фат атахти, æмæ ныппырх и дурын, æмæ чызг кæугæ ссыди сæхимæ.
– Нарты фаззæттæ мын мæ дурын асастой.
Цæй ницы кæны зæгъгæ бакодта мад.
– Уазæг ысты, æмæ цын ацы хатт хатыр фæуæд.
Иннæ хатт дæр та байдзагкодта йæ дурын чызг æмæ рацæуы.
– Уæрхтæнæг, кæм дæ? – дзуры йæм Уæрхæг.
– Мæнæ дæн.
– Уæртæ та уыцы чызг дон рахæссы йæ дурыны.
– Уæдæ та йæ фехсæм.
Уæрхæг та йе нгуылдзтыл фатбос абаста, йæ цæнгтæ къæлæтгонд авæрдта, фатбос айтынгкодта. Уæрхтæнæг та фат ацарæзта ‘мæ Уæрхæджы уæхскæй ныхъхъавыди. Фехста, æмæ та чызджы дурын базгъæлæнтæ. Лæппутæ ныххудтысты. Чызг та йæ мадмæ кæугæ ссыди.
– Цæуыл та кæуыс?
– Цæуыл кæуын, куы зæгъай, уæд та мыл Нарты фаззæттæ амбæлдысты, æмæ та мын асастой мæ дурын.
– Ацу ма иу хатт, æмæ ма дын æй кæд асæттой, уæд-иу зæгъ: «Сымах кæд афтæ хъæбатыр ыстут, уæд уыцы хуызæнæй уæ фыдыбæстæ цæуылнæ ‘рцагурут?» Æндæр-иу мацы сдзур.
Чызг æртыггаг хатт ацыди дон хæссынмæ.
Нарты лæппутæ та йæ ауыдтой.
– Уæрхтæнæг, ныр та ды айтынгкæн фатбос де нгуылдзтыл – æз дæр иу хатт фехсон, – загъта Уæрхæг.
Уæрхтæнæг фатбос йе нгуылдзтыл абаста, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм акодта, айтынгкодта фатбос, æмæ Уæрхæг, чызг дон куы ‘рцæйхаста, уæд æй фехста. Æмæ та базгъæлæнтæ дурын.
Уæд цæм чызг дзуры:
– Уæ тых мæ дурыныл цы ‘взарут? Уыцы хуызæнæй уæд уæ фыдыбæстæ’рцагуриккат!
Арвыцæфау фесты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Æрбаздæхтысты фæстæмæ Бæртæлæгтæм. Уым сæ мады фæрсынц:
– Кæм райгуырдыстæм?
– Мæнæ ам. Кæм цæрут, уым.
– Уæд æнæуый та кæмæй ыстæм? Кæм и нæ фыдыбæстæ?
– Уæ, йæ зæгъæг сымах тæригъæд дæр фæхæсса, æмæ мæ тæригъæд дæр. Фæлæ мæ кæд нал уадзут, уæд уын æй зæгъдзынæн: сымах ыстут Нартæй. Уæ фыдæлтæ тыхджын æмæ кадджын бæргæ уыдысты, фæлæ сæ цард иугæндзон хæцгæйæ ‘рвыстой уæйгуытæ ‘мæ гуымиртимæ. Уæ бæстæ у Нартыбæстæ, фæлæ уæйгуытæн баззад. Сымах ам райгуырдыстут, уыййæддæмæ фесæфтаиккам неппæт дæр. Ныр æй хатын – уе уæнгты нæртон туг ис. Нал ныллæудзыстут, уый зонын. Æмæ мæн дæр уемæ фæкæнут. Фæлæ Нартыбæстæм афтæ цæугæ нæу – раздæр уал цын хъуамæ исты хæрзтæ ракæнат Нартæн.
