Цымæ адæймагæн йæ бон у йе нкъарæнтæ æгомыгæй бамбарын кæнын? Цæстæнгасæй, къухæзмæлдæй, мидбылхудтæй…
Исчи зæгъдзæн – нæ. Фæлæ мæм куыд кæсы, афтæмæй адæймаджы зæрдæ æмбаргæ у, уыйтагъддæр банкъары чи нæ кæмæ цы зæрдæ дары, уый. Уæлдайдæр та уарзондзинад.
Бирæты хъуыдымæ гæсгæ ацы анкъарæн у æппæты сæйрагдæр æмæ алы хъуыддаджы райдайæн. Мæ абоны уазæг дæр уарзы. Уарзы йæ куыст, йæ кæстæрты, йæ райгуырæн бæстæ, алыварс чи ис, уыдоны.
Фæлæ ма уымæй уæлдай йæ зæрдæйы цы ис? Цы сты йæ цин æмæ йæ мæт? Йе стырдæр уарзондзинад?
Уымæй йын йæхи бафæрсдзыстæм. Абоны уазæг у Дудиаты Олег.