Хуры фыццаг тынтимæ дысвæлдæхтæй фæллой кæнынц Мæздæджы районы зæхкусджытæ дæр. Ныронг бирæ хæдзарæдтæ систой сæ мæнæуы тыллæг æмæ бавнæлдтой æндæр культуртæм. Æфсирджын тыллæг най кæнынц республикæйы иннæ районты дæр.
Куыд цæттæ сты хæдзарæдтæ ацы ахсджиаг куыстмæ æмæ цавæр бæркадмæ æнхъæлмæ кæсæм, уый тыххæй нæ радон «Хæдзарадон»-ы равдыст.