«Уæ райсом хорз. Кусы Цæгат Ирыстоны радио». Ахæм ныхæстæй иу алы райсом дæр райдыдта нæ республикæйы цæрджыты бон. Раст зæгъгæйæ, нæ æхсызгон кæмæн нæ вæййы дæ уарзон адæм дын ахæм ныхæстæ куы кæной, уæд.
Телеуынынады, уæлдайдæр та радиойы кусджытæ, се ппæтæн дæр хиуæтты хуызæн уыдысты. Зыдтой сæ номæй-номмæ æмæ иу сæ эфиртæм хъусгæйæ, бадгæйæ баззадысты. Махæн та, телеуынынады æмæ радиойы уæды æрыгон фæлтæртæн, уыдысты фæлтæрдджын æмæ зæрдæхæлар ахуыргæнджытæ.
Абон радиойы æмæ телеуынады диктортæй иу у мæ уазæг. Цымыдисаг уæм кæсы чи у, уый? Нæ уын æй басусæг кæндзынæн — Фидараты Юрий.