Ирон адæммæ æфсæддон кæддæриддæр кадджын уыд. Алы заманты не мбæстæгты хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад бирæтæ фæзминагыл нымадтой. Уæдæ нæ хъайтарты нæмттæ дæр æгас дунейыл айхъуыстысты.
Искуы æфсæддонтимæ амбæлгæйæ та, мæхи арæх ахæм хъуыдыйыл ацахсын — цалынмæ нæ фарсмæ сты, уæдмæ нæ бон у æдыхст уæвын. Ацы адæм равзæрстой иннæты æмæ дунейы сабырдзинад хъахъхъæныны хæс. Фæлæ зын у æви нæ? Сæ сусæг сагъæстæ цавæр сты, уый та мæм цымыдисаг кæсы. Нæ уазæг у ахæм æфсæддонтæй иу — Фриаты Хъазыбег.