Æвæдза, ирон адæймаг кæм нæ фесгуыхтис. Культурæ, спорт, политикæ, суанг ма космосы дæр ирон адæймаджы къухфыст фенæн ис. Уый æцæг цау у.
Фæстаг цалдæр боны касттæн Советон Цæдисы рæстæджы ист кинонывтæм æмæ уæлдай æхсызгонæй бакасттæн бæхылбадджыты тыххæй æрмæджытæм.
Æмæ та радон хатт ахъуыды кодтон – куыд стыр æвæрæн бахастой ирон фæсивæд ацы дæсныйад парахат кæнынмæ. Цал æмæ цал æрыгон адæймагæн бауарзын æмæ сæ сразæнгард кодтой бæхылбадæг суæвын. Уый сæхицæй хуыздæр ничи зоны. Фæлæ йæ кæд махæн дæр нæ басусæг кæниккой.
Абон нæ уазæг у зындгонд бæхылбадджытæй иу, ацы куысты сусæгдзинæдтæ иттæг хорз чи зоны, ахæм адæймаг – Хъаныхъуаты Таймураз.