Адæм куыд диссаг сты?! Фидар æмæ æнгом баст, фæлæ хатгай æцæгæлоны хуызæн дард. Уарзæгой, фæлæ хицæнæй.
Хион æмæ дын хæстæджытæ уæнт, фæлæ уыцы иу рæстæг зыбыты иунæг уæвын. Уый сæхиуыл хорз банкъарынц ацæргæ æмæ сывæллæтты хæдзæртты чи ис, уыдон. Карджын адæм æмæ сывæллæттæ иунæгæй цæмæн баззайынц? Бинонтæ æмæ сын тугхæстæг нæй? Уый стæм хатт æмбæлы.
Кавказы адæмы хæттытæм уый æппæрццаг фæзындыл нымад нæу?
Цæмæн сæвзæры ахæм уавæр? Цот чи схаста æмæ сæ йæ удæй фылдæр чи уарзы, уыдон иунæг цæмæн сты? Ныййарæджы амондæй цух цæмæн сты?
Уæдæ иуæй — иу сывæллæтты бон мады фæлмæн хъæбысы бадынæй бафсæдын цæуыннæ у?
Аххоссæгтæ равзарыныл бацархайдзыстæм нæ программæйы. Фæнды мæ уæ хъуыдытæ дæр базонын.