Цæвиттон афтæ у. Алчидæр нæ йæ хæсыл нымайы, зианджыны уæлхъус æрбалæууын æмæ йын йæ рыст фæкъаддæр кæнын.
Æнусты сæрты нæм нæ фыдæлтæй бирæ æгъдæуттæ æрхæццæ. Афтæ куы зæгъон се ппæт куыд уыдысты, ахæм хуызы нал æххæстгонд цæуынц, уæд, æвæццæгæн нæ фæрæдийдзынæн. Цæуыннæ? Уый иннæ фарста у… Æппæт фæзилæнтыл иу программæйы не бон нæ бауыдзæн æрныхас кæнын, фæлæ сæ иумæ не ргом раздахдзыстæм.