Ивгъуыд къуырийы Цæгат Ирыстоны хъæутæ фесты æрдзон фыдбылызы амæттаг. Тыхджын дымгæ, къæвда æмæ их ныссæстой хъæууон хæдзарады быдыртæ, адæмы цæхæрадæттæ, систой хæдзары сæртæ, афæлдæхтой телыхъæдтæ æмæ бæлæстæ. Цы зиан æрхаста æрдзон фыдбылыз, уый тыххæй нын бæлвырддæр радзырдта нæ уазæг.
Ацы аз Уæрæсейы уæлдай кадджын сты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ Уæлахизы 80 азы. Бæрæгбоны кадджын мадзæлттæ фесты, фæлæ ма афæдзы дæргъы бирæ зæрдæмæдзæугæ хъуыддæгтæ арæзт цæудзæн. Цавæр? Уымæй бафарстам нæ уазджыты. Саккаг ма нæм кодта этномодельер. Æнæнхъæлæджы хъуыддæгтæ нын радзырдта. Цы бæтты, национ аив уæлæдарæс чи хуыйы, уыцы чызджы сæрмагонд æфсæддон операциимæ? Базондзыстут æй нæ равдыстæй.