Кафаг лæппу, дам, хæдзар нæ дары. Мæнмæ гæсгæ, уый раст ныхас нæу, фæлæ цæмæн ныффидар? Уый кафæгæн йæхицæй хуыздæр чи зоны?!
Кæддæр Ольгинскæйаг лæппу тырныдта уæлæрвтæм. Растдæр зæгъгæйæ та, авиамоделон спорты фæрцы уæларвон тыгъдады ленк кæнынмæ. Уарзта барæджы дæсныйад дæр.
Æнхъæл дæр нæ уыд, республикæйы хуыздæр ансамбльтæй иуы кафдзæн, уый. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, «дæ амонд дæ цы фæндагыл акæндзæн, уый ничи зоны».
Бирæ азты кафыд «Алан»-ы, ныр та йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ кæстæртæн амоны. Кæй схъомыл кодта, уыдон ныр цалдæр фæлтæры сты. Иууылдæр дзы бузныг сты.
Абон не ‘студийы уазæг у æгъдауыл хæст, æргом, æнæхин æмæ зæрдæхæлар адæймаг, ахæмæй зонынц се ппæт дæр — Кънататы Ерусланы.