Ирыстоны хъæуты нæмттæ фылдæр сæхæдæг сæхиуыл дзурæг вæййынц. Зæгъæм, Рассвет — хурдзаст бынат, Фарныхъæу — фарнæй хайджын, Нартыхъæу… Ацы мидисджын нæмттæ хæссæг цæрæн пункттæй иуыл уыдзæн нæ ныхас. Физкультурничы боны агъоммæ та дзурæм физкультурæйы ахуыргæнджытæ цавæр ног мадзæлттæй пайда кæнынц сæ куысты, ууыл.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Комæй-коммæ
- Выпуск от 14.04.2022
Красногорыхъæу æмæ программæ «Хъæууон дохтыр»-ы тыххæй
14.04.2022 19:30
Комæй-коммæ
Выпуск от 14.04.2022
Цæгат Ирыстоны хъæууон дохтыртæн хъуамæ бафидой фæйнæ милуан сомы æмæ æрдæг. Æхца ратдзысты, программæ «Хъæууон дохтыр»-ы чи архайы, уыдонæн. Кæцы хъæуты æнхъæлмæ кæсынц медицинон кусджытæм, æмæ дæрддзæф бынæттæн ацæуынмæ разы чи у? Брæттæ æфснайæг компани бартхъирæн кодта, хъæутæм кæй нал цæудзæн, уымæй. Куыд лыг кæндзысты районты администрацитæ сæвзæрд фарста? Стæй Æрыдоны районы Красногорыхъæуы ног æвзæрст сæргълæууæг ахсджиагдæрыл цы нымайы? Уыдæттыл дзурæм нæ программæ «Комæй коммæ»-йы.
Другие выпуски
