preloader
сейчас в эфире
05:35
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
close

Нарты фæткъуы

Выпуск от: 01.10.2018

Нартæн сæ цæхæрадоны задис иу фæткъуы бæлас; йæ дидинджытæ-иу æрттывтой æрвыгау, æмæ йыл задис иунæг фæткъуы. Фæткъуы уыдис сыгъзæрин фæткъуы, зынгау æрттывдтытæ калдта. Æмæ уыдис æлутоны хос адæмæн: иу адзал не здæхта фæстæмæ, уый йеттæмæ цы хъæдгом нæ дзæбæх кодта, цы низæй нæ ирвæзын кодта, ахæм нæ уыдис.
Бон изæрмæ-иу арæгъæд ис уыцы фæткъуы, æхсæв та иу æй цыдæр адавта. Æмæ йæ хъахъæдтой радыгай Нарт; æмæ йæ ничи фæрæзта бахъахъæнын. Уæд иу бон æрзылдис Уæрхæгæн йæхи рад. Æрбасидтис йæ фырттæм, Ахсар æмæ Ахсæртæгмæ, Уæрхæг æмæ сын загъта:
— Ай уын фæндаггаг. Ацæут, мæ хуртæ, æмæ уæ цæхæрадон бахъахъæнут, кæннод райсом Æртæ Нарты хæдзарæн лæгæй æрбацæудзысты æмæ уæ иуæн йæ сæр ракæндзысты, иннæмæн — иæ цонг æмæ сæ дыууæ михыл æрсадздзысты, æмæ Æртæ Нарты ‘хсæн дзæгъæлæй баззайдзынæн, æмæ дарæгæй.
Цæхæрадон уыдис саджы сыкъатæй бæрзонд æхгæд — маргъ æрбатæхæн дæр æм нæ уыд.
Лæппутæ загътой:
— Ма тæрс, нæ фыд, мах ацæудзыстæм æмæ бæлас бахъахъæндзыстæм!
Уæрхæг сын загъта:
— Цæугæ бæргæ акæндзыстут, фæлæ тæрсын, фæстæмæ куы нæуал æрцæуат — куы нæ йæ бафæразат бахъахъæнын. Ахсар æмæ Ахсæртæг араст сты цæхæрадонмæ; цæхæрадоны астæу диссаджы фæткъуы бæласы бын æрбадтысты. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд кæстæр æфсымæр — Ахсæртæг, загъта Ахсарæн:
— Æрхуысс уал, Ахсар, радыгай хъахъæнæм — æмбисæхсæвмæ ды бафынæй кæн, уырдыгæй бонмæ та — æз.
Ахсар сразы ис æмæ ‘рхуыссыди æмæ бафынæй ис. Æмбисæхсæв фехъал ис æмæ дзуры Ахсæртæгмæ:
— Хуыцау мын æй ныббарæд — æгæр афынæй дæн. Ахсæртæг æм фæстæмæ дзуры:
— Нырма æмбисæхсæв нæу, æмæ уал хуысс. Хуыссæгхъæлдзæг лæппу та ‘рхуыссыд фæстæмæ æмæ та афынæй ис. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæ цæхæрадонмæ ‘рбатахтысты æртæ маргъы.
Ахсæртæг бады, йæ фат æмæ йе ‘рдын йæ къухы, афтæмæй. Кæсы, æмæ ‘виппайды бæлас ныррухс и, æмæ йыл бады æртæ ‘хсинæджы. Фæткъуымæ куыддæр фæцæйæвнæлдтой, афтæ сæ Ахсæртæг фехста, æмæ атахтысты, æрмæст сæ иуæн йæ туджы ‘ртæхтæ ‘ркалдысты зæхмæ. Ахсæртæг райхъал кодта Ахсары æмæ йын загъта:
— Æхсинæг фæцæф кодтон фæткъуы бæласыл, æмæ мын цæфæй атахти.
Мæнæ кæсыс йæ туджы ‘ртæхтæм! Куы фæцæф ис, уæд ныллæджыты атахтис, æмæ мæнæн йæ тугвæдыл æнæ цæугæ нæй. Кæнæ йæ хъуамæ æрцахсон, кæнæ йæ фæдыл хъуамæ амæлон, æндæр гæнæн мын нæй.
Æрбамбырд кодта туджы ‘ртæхты, батыхта сæ зæлдаг кæлмæрзæны. Кæлмæрзæн йæ фæснахы атъыста æмæ, куы ‘рбабон ис, уæд загъта Ахсарæн:
— Æз ныр цæуын сæфты мæргъты фæдыл, æмæ цы зæгъыс? Ахсар ын загъта:
— Æз дæр цæуын, ды кæдæм цæуай, уырдæм. Араст сты ‘фсымæртæ æмæ цæуынц тугвæдыл, æмæ сæ уый бахаста денджызы былмæ. Уым фæд денджызы бынмæ ныххызтис. Ахсæртæг загъта Ахсарæн:
— Æз цæуын денджызы бынмæ, ды мæм ам, денджызы был, æнхъæлмæ кæс, æмæ, кæд денджыз сырх фынк хæсса, уæд-иу нæ хæдзармæ аздæх — мæнæй дын пайда нал ис; кæд урс фынк хæсса, уæд мæм-иу афæдзы бонмæ банхъæлмæ кæс.
— Хорз, — загъта Ахсар æмæ баззад денджызы был, Ахсæртæг та йæ дзауматæ ‘рбатымбыл кодта æмæ ныффардæг ис денджызы бынмæ.

 

Выпуски
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
22.07.2019 19:35
Нарты кадджытæ
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Сослан — тыхагур (дыккаг хай)
1.07.2019 16:02
Нарты кадджытæ
Сослан — тыхагур (дыккаг хай)
Сослан — тыхагур (фыццаг хай)
27.05.2019 19:45
Нарты кадджытæ
Сослан — тыхагур (фыццаг хай)
Хæмыц ус куыд ракуырдта
19.03.2019 21:15
Нарты кадджытæ
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Сырдоны райгуырд
25.02.2019 19:45
Нарты кадджытæ
Сырдоны райгуырд
Уæйыг дыууæ рæсугъды куыд аскъæфта
18.02.2019 20:00
Нарты кадджытæ
Уæйыг дыууæ рæсугъды куыд аскъæфта
Темы
Рекомендуем
Марат Тускаев | Истории из жизни
23.09.2026
Йосиф Тиникашвили | Дело мастера
23.09.2026
Доброе утро, Осетия! I 23.09.2026
23.09.2026
Ныхас — адæмы хъæлæс | Бæрнон ныхас
22.09.2026
Ирон æвзагыл фыст ауындзгæ хъусынгæнинæгтæ, Ардасенты Хадзбатры номарæн изæр æмæ артаджы уавæры тыххæй | Йæ рæстæгыл
22.09.2026
Алайнаг гимназы ахуыргæнджытæ | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
22.09.2026
Отопительный сезон, кадетские классы, представители федерации планерного спорта России I Самое время
21.09.2026
Необычный опыт материнства I Доброе утро, Осетия!
21.09.2026
В итоге: 20.09.2026
20.09.2026
Заседание Парламента Республики Северная Осетия — Алания и церемония вступления в должность Главы Республики Северная Осетия — Алания
20.09.2026
Сослан Макоев I Tabula Rasa
19.09.2026
Агурæг I 19.09.2026
19.09.2026
Гвардия I 19.09.2026
19.09.2026
Таймураз Тускаев | По большому счёту!
18.09.2026
Елена Газаева | Песни под звездами
18.09.2026
Все рекомендуемое