preloader
сейчас в эфире
04:50
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
05:20
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
close

Сатанайы райгуырд

Выпуск от: 12.11.2018

Уæрхæг æмæ Дзерассæйæн сæ иумæ бацарды боныл афæдз куы сæххæст ис, уæд Уæрхæг амард. Иннæ афæдзы бон куы ‘рæввахс ис, уæд Донбеттырты чызг рарынчын ис. Йæ мæлæт куы ‘рхæстæг ис, уæд загъта йæ дыууæ лæппуйæн: 

— Куы амæлон, уæд-иу мæ фыццаг æртæ ‘хсæвы дзæгъæл ма 

ныууадзут

— хорз лæгæй хæс нæ дарын, æмæ мæ мæрдты дæр нæ 

ныууадздзæн. 

Ус амардис, æмæ йæ бавæрдтой зæппадзы. Бон куы æризæр ис, уæд Уырызмæг райста йæ хæцæнгæрзтæ, ссыди зæппадзы дуармæ æмæ йæ фæхъахъæдта бонмæ. Дыккаг æхсæв дæр та афтæ. Æртыккаг æхсæв Хæмыц дзуры йе ‘фсымæрмæ: 

— Нæ мад нæ хъомыл иумæ куы скодта,

—ацы ‘хсæв та йæ хъуамæ æз бахъахъæнон. 

Уырызмæг ын загъта: 

— Æз дæуыл куы ‘ууæндин, уæд ды гуырдæй кæстæр дæ, æмæ йæ æртæ ‘хсæвы дæр хъуамæ ды бахъахъæдтаис. Хардзау фæкастысты Хæмыцмæ Уырызмæджы дзырдтæ. Райста йæ хæцæнгæрзтæ æмæ фæраст и зæппадзмæ. Лæууы зæппадзы дуармæ Хæмыц, уæдæ цы! Иуахæмы айхъуыста Нарты хъæумæ, æмæ кейцæй куывды зарын цæуы, кæцæй чындзæхсæвы хъæр. Æмæ загъта йæхицæн: «бын бауа, мæлæг рынчыны коммæ чи кæсы! Ам ма мын зæппадзæй мæ мады чи хæссы! Ацæуон æмæ искуы иу чындзæхсæв бахæрон». 

Араст ис æмæ куыддæр зæппадзæй иу чысыл ауад, афтæ зæппадз ныррухс ис, æмæ Уастырджи зæппадзы хуылфы фестад. Нымæтын ехсæй æрцъыкк ласта Дзерассæйы, æмæ Дзерассæ удæгасæй цы уыд, авд ахæмы хуыздæр фестад. Æмæ йæм бацыд. Уый фæстæ та нымæтын ехсæй æрцъыкк ласта Дзерассæйы, æмæ ус фæстæмæ, куыд уыдис, афтæ фестад. Иу афæдз куы рацыд, уæд зæппадзы цурты æрбацæйцыд Нарты фыдбылыз Сырдон. Байхъуыста, æмæ зæппадзæй ссыди сывæллоны кæуын. Рараст ис Сырдон Нартмæ. Æртæ Нарты бадынц æмбырдæй Ныхасы. 

— Фарн уæ ныхасы æмæ уæ райсом хорз! 

— Хорз дæ хай уæд, Сырдон! 

Æмæ сын загъта Сырдон: 

— Диссаг ис Нарты уæлмæрдты: куы байхъусай, уæд дзы цæуы сывæллоны кæуын. 

Уырызмæг бадтис Ныхасы уæле. Фестадис æмæ бацыд зæппадзы дуармæ. Бакодта зæппадзы дуар, бахызт мидæмæ æмæ дзы рахаста чызг — Сатанайы. Сатана ахæм рæсугъд æмæ зонынджын рауади, æмæ талынг æхсæв бон кодта йæ уындæй, йæ ныхас уыд кардæй кæрдагдæр, топпы фатæй растдæр. 

Выпуски
Дзерассæ-рæсугьд
8.10.2018 21:15
Нарты кадджытæ
Дзерассæ-рæсугьд
Нарты фæткъуы
1.10.2018 20:45
Нарты кадджытæ
Нарты фæткъуы
Сосланы райгуырд æмæ йæ байсæрын
26.09.2018 18:12
Нарты кадджытæ
Сосланы райгуырд æмæ йæ байсæрын
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
24.09.2018 20:45
Нарты кадджытæ
Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд
Темы
Рекомендуем
Марат Тускаев | Истории из жизни
23.09.2026
Йосиф Тиникашвили | Дело мастера
23.09.2026
Доброе утро, Осетия! I 23.09.2026
23.09.2026
Ныхас — адæмы хъæлæс | Бæрнон ныхас
22.09.2026
Ирон æвзагыл фыст ауындзгæ хъусынгæнинæгтæ, Ардасенты Хадзбатры номарæн изæр æмæ артаджы уавæры тыххæй | Йæ рæстæгыл
22.09.2026
Алайнаг гимназы ахуыргæнджытæ | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
22.09.2026
Отопительный сезон, кадетские классы, представители федерации планерного спорта России I Самое время
21.09.2026
Необычный опыт материнства I Доброе утро, Осетия!
21.09.2026
В итоге: 20.09.2026
20.09.2026
Заседание Парламента Республики Северная Осетия — Алания и церемония вступления в должность Главы Республики Северная Осетия — Алания
20.09.2026
Сослан Макоев I Tabula Rasa
19.09.2026
Агурæг I 19.09.2026
19.09.2026
Гвардия I 19.09.2026
19.09.2026
Таймураз Тускаев | По большому счёту!
18.09.2026
Елена Газаева | Песни под звездами
18.09.2026
Все рекомендуемое