Ног азыл хъæлдзæг æмæ æхсызгонæй сæмбæлын, зæгъынц, ахсджиаг у. Уæд къухы æнцондæрæй бафтынц фидæны пълантæ æмæ нысантæ.
🤩 Гъемæ та ацы хъуыддаджы уæ фарсмæ æрбалæудзысты #Саутæбуртæмыдхуызтæ. Бацархайдтой, цæмæй уæ бæрæгбон хъæлдзæгæй арвитат.
❤️ Сæ программæмæ цы уазджыты фæхуыдтой, уыдонмæ бакæсын æмæ сæм байхъусын та уæлдай æхсызгон уыдзæн!
☺️ Уæдæ бæрæгбоны равдыст сфидауын кодтой зарæггæнджытæ дæр!
















