preloader
сейчас в эфире
09:58
УТРО ПЕРВЫХ. МИХАИЛ ДЗИОВ 12+
Смотрите Далее
10:00
НОВОСТИ 12+
10:15
КАСАЕВ. ДИАЛОГИ 12+
11:45
А О ПЕТРЕ ВЕДАЙТЕ… 12+
12:45
ФÆД 12+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
УТРО ПЕРВЫХ. МИХАИЛ ДЗИОВ 12+
close

Уырызмæг æмæ Хæмыцы райгуырд

Выпуск от: 29.10.2018

Дзерассæ цардис йæ цæгаты æмæ йæхи бар нæ уыд. Æмæ йын йæ мад загъта:
— Ацу Нарты уæзæгмæ — уыдон стæджы хъæд афтæ у, æмæ сæ уæзæгыл
чи нæ райгуыра, уый сæхицæй нæ хонынц,
Цы кæна, мæгуыр, æнкъард ус! Йæ мад ын куыд загъта, афтæ, æрхæндæгæй, рараст ис Донбеттыртæй Нартмæ. Цæугæ кæны, фæлæ йæхи нымæры хъуыды кæны: «Гъа, цæугæ фæкæндзынæн Нартмæ, фæлæ мын хæдзар та кæм уыдзæн?»
Æрцыди Нартмæ. Фæцæуы нымдгæнгæ Ныхасы рæзты. Ныхасы адæм дис кæнынц:
— Ай чи у? Цæугæ нæм чындзы цыд куы кæны, æмæ нæ чындз æттæ куы нæ и — нæ хуындæджы бадæг, нæ тæргай лыгъд.
Хистæртæ дзурынц кæстæртæм:
— Ацæут, устытæн зæгъут, æмæ ацы уазæгус чи у, уый нын базонын кæнæнт.
Кæстæртæ ацыдысты æмæ устытæн загътой:
— Нæ уайсадæг чындзытæ! Кæд уайсадæг у, уæд нын æй сымах бафæрсут. Мадæл устытæ! Кæд сымах хуызæн у, уæд та нын сымах базонут йæ бæрæг.
Кæстæр чындзытæ ныккалдысты Дзерассæйыл æмæ йæ фæрсынц:
— Чи дæ, цы дæ, уый нын базонын кæ!
Уый сæм йæ дзыхæй нæ дзуры; йæ зæрдæйы хъуыды кæны: «адонæн бæргæ зæгъин, чи дæн, уый, фæлæ мын уæд мæ ныхæстæ хистæр устытæ мæхи дзыхæй нæ фехъусдзысты».
Чындзытæм куы нæ сдзырдта, уæд ыл хистæр устытæ амбырд сты. Фæрсынц æй:
— Нартæн цы бавæййыс, уый нын зæгъ!
— Уе ‘ппæт мæм æмдзырд ма кæнут. Кæд мæ фæрсут, уæд мæ уæ иу бафæрсæд, æмæ мæ дзырд зæгъон. Уæд æй иу ус фæхицæн кодта æмæ йын загъта:
— Цæй, уæдæ, мæ хур, мæнæн зæгъ дæ ныхас — ацы хъæуы мæныл æууæнк ис.
Уый йæм бакасти æмæ загъта:
— Æз дæн цам ацы уæзæг æмæ мæ файнустытæй, фæлæ мыл æндæр бон нæй, æмæ йæ хъуамæ зæгъон — æз дæн Æхсæртæджы ус, æмæ йæ мæсыджы бындзæфхад кæм ис, уырдæм мæ бакæнут.
Устытæ фехъусын кодтой Дзерассæйы ныхас Нарты хистæртæн.
Нарты хистæртæ бацин кодтой æмæ загътой:
— Æхсæртæджы мæсыгæн æй йæ бинагмæ нæ, фæлæ йæ скæнут йæ сæйрагмæ. Дзерассæ дзуры:
— Уырдæм схизинаг нæма дæн — тагъд уын фенын кæндзынæн уæхион,æмæ мын нырма æрынцайынæн уæ бæрзонд мæсыгæй уæ талынг скъæт
хуыздæр у.
Æмæ йæ акодтой скъæтмæ,æмæ йын уым дыууæ фаззон лæппуйы райгуырди — Уырызмæг æмæ Хæмыц.

 

Выпуски
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
22.07.2019 19:35
Нарты кадджытæ
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Сослан — тыхагур (дыккаг хай)
1.07.2019 16:02
Нарты кадджытæ
Сослан — тыхагур (дыккаг хай)
Сослан — тыхагур (фыццаг хай)
27.05.2019 19:45
Нарты кадджытæ
Сослан — тыхагур (фыццаг хай)
Хæмыц ус куыд ракуырдта
19.03.2019 21:15
Нарты кадджытæ
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Сырдоны райгуырд
25.02.2019 19:45
Нарты кадджытæ
Сырдоны райгуырд
Уæйыг дыууæ рæсугъды куыд аскъæфта
18.02.2019 20:00
Нарты кадджытæ
Уæйыг дыууæ рæсугъды куыд аскъæфта
Темы
Рекомендуем
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
Все рекомендуемое