Миллиард 200 милуан сомы паддзахад рахай кæндзæн Уæрæсейы регионты транспортон инфраструктурæйы райрæзтæн. Уый тыххæй бадзырд бафыста хицауады сæрдар Михаил Мишустин.
Æхцайы фæрæзтæ райсдзысты 9 регионæн. Уый руаджы цалцæггонд æрцæудзысты, донивылдтытæй чи фехæлд, уыцы фæндæгтæ. Æртæ субъекты арæзт цæудзысты, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм фæндæгтæ. Баххуыс кæндзысты Цæгат Ирыстонæн дæр. Уый фæрцы кæронмæ арæзт æрцæудзæн Дзæуджыхъæу – Лескен-2 фæндаджы уадздзаг. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ инфраструктурон объектты рацарæзтæн ацы аз рахай кодтой 130 млрд сомы.
















