Хуссар æфсаддон зылды штабы абон уыд бæрæгбоны мадзæлттæ. Сæ сæйраг нысан у 100 азы сыл кæй сæххæст ис æмæ 73 азы та Уæлахизы боныл кæй æххæст кæны, уый. Гом дуæртты боны архайдтой 200 æфсæддонæй фылдæр. Сæ бæрны 100 æфсæддон техникæйы хуызы. Алкæмæн дæр фадат радтой хи цæстæй фенын нырыккон техникæ, алы хуызон хæцæнгæрзтæ æмæ ма службæгæнджыты ахуыртæ. Æрбацæуджытæн ма бацæттæ кодтой æндæр цымыдисаг мадзæлттæ дæр. Нæ уацхæссæг Гогаты Марат дæр сæ федта æмæ нын радзурдзæн цæмæй сæрыстыр у 58 æфсад.
Нырыккон хæцæнгарз, ног радио апараттæ, беспилотниктæ æмæ уымæй хуыздæр æфсæддон техникæ — фидæны Фыдыбæстæ чи хъахъхъæндзæн, уыдон абон æрбацыдысты сæхи цæстæй фенынмæ, цы тыхтæ ис нæ афсадмæ, уый.
Æфсæддонтæ æвдисынц сæ цæттæдзинад. Уазджытæн бацæттæ кодтой хæстон ахуыртæ. Æвдисынц знагыл куыд тых кæнынц, уый. Ис сæм дамбацатæ, зынгæй æхсæг системæ РПО-26 зæгъгæ æмæ гранатæтæ. Уæдæ хи тыхæй дæр — хъаруджын. Ацы хъуыддаджы сæйраг дæр у къæрцхъус æмæ рæстдзæвин уæвын. Уымæй уæлдай ма ахсджиаг у хæлардзианд дæр. Хæсты быдыры æнæ мбалы æххуысæй зын у.
Хæслæвæрд сæххæст кодтой. Знаг саст æрцыди. Ахæм æнтыстæн уазджытæ иууылдæр æмдзæгъд кæнынц. Стæй та уæлахизы зарджытæ. Акодтой сæ 58-æм армийы иугонд оркестр æмæ ма хъазахъхъаг зарæггæнджыты къорд.
Фæсивæдæн сæ цæстытæ цæхæртæ калынц — сæрæн рауай-бауай кæнынц. Кæцы рдæм ныццæвой сæхи, уый дæр нæ зонынц. Иу ран — æфсæддон техникæ. Алкæй бон дæрасгарын у, цыдæриддæр дзы хæцæнгарзæй ис, уый. Æфсæддонтæ амонынц, куыд цæуыл хæцын хъæуы. Бирæтæ æфтæ банкъардтой æфсæддон уавæр æмæ ныридæгæн фидарæй дзуырнц æфсадмæ сæ кæй фæнды, уый.
Æфсадмæ æцæгæй дæр чи хъавы, уыдонæн дæр ам байгом кодтой ахуырадон пункт. Æфсæддонтæ цæттæ сты радзурынмæ, цæмæй хорз у æфсады службæ кæнын. Ахæм хъæздыг алыхуызон мадзæлттæй, адæймагмæ хæрын дæр æрцæудзæн. Аразджытæй уыцы хабар дæр на ферох. Фынгтæ цæттæ. Гом дуæртты бон фыццаг хатт нæ сарæзтой Хуссар æфсаддон зылды штабы. Æрвылаз — кадджын мадзæлттæм бирæ цæрджытæ æрбамбæлы. Ацы хатт та уæлдай нысаниуæг ис бæрæгбонæн, зæгъынц аразджытæ. Фидарæй дзурынц, дарддæр дæр ацы хай, Уæрæсейы æфсæддон тыхы хсæн, хуыздæрæй кæй æвдисдзæн йæхи, уый. Уымæн та æвдисæн сты ахæм равдыстытæ.
Гогаты Марат
















