Фарста лыггонд æрцыд. Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæн ныууаддзысты Сабырдзинады проспекты. Уый тыххæй хъусын кæнынц, Дзæуджыхъæуы администрацийы.
Хъавыдысты йæ поэты хæдзар-музейы кэртмэ ахæссын. Фæлæ бирæ цæгатирыстойнæгтæ уыцы хъуыдыйы ныхмæ æрлæууыдысты. Цалдæр боны размæ, цыртдзæвæны цур сарæзтой акци “Фото-караул” зæгъгæ. Уыцы хъуыддагмæ цыфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон йæ алы варсæрцауыгътой сæ къамтæ.
Ахæм хуызæй равдыстой, уавæримæ разы кæй нæ кæнынц, уый.
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис æмæ разамынды хицæуттæ иумæ уынаффæ рахастой, бынæттон цæрджыты хъуыды растдæр кæй у, уый. Кæд разы не сты хъуыддаджы фæдыл, уæд хъуамæ афтæ уа. Къостайы цыртдзæвæн ныууаддзысты Сабырдзинады проспекты æмæ дарддæр адæмы цæстытæ рæвдаудзæн.
















