Ирыстоны дзыллæтæ мысынц Хетæгкаты Къостайы. Номдзыд поэт, публицист, драматург, прозаик, æхсæнадон архайæг йе ’нусон бынат кæм ссардта, уым, Ирон аргъуаны кæрты, æрбамбырд сты нæ республикæйы хицауады уæнгтæ, æхсæнадон, культурон, ахуырадон организациты минæвæрттæ, скъоладзаутæ, студенттæ. Номарæн æмбырды архайджытæ номдзыд поэты ингæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Кастысты поэты æмдзæвгæтæ.
Абон мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм æмæ зæрдæвæрдæй дзурæм, кæсæм йæ æнæмæлгæ уацмыстæ, ма рох кæнæм, йæ царды фæстаг азты Къоста цы хъизæмæрттæ æвзæрста, уыцы рæстæг дæр.
Фæсивæдæн Хетæгкаты Къостайы цард, сфæлдыстад æмæ æхсæнадон архайды тыххæй радзырдта республикæйы культурæйы министры фыццаг хæдивæг Рæмонты Маринæ дæр.
Генийы ном æрымысыдысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты дæр. Æппæтадæмон архайдимæ æмбырды сæргонд — “Хетæгкаты Къоста — хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинады хотыхдар”. Мадзаларазæг — журналистикӕйы факультет. Архайджытӕ систы раззагдӕр ахуыргӕндтӕ, ахуыргӕнджытӕ, студенттӕ ӕмӕ уазджытӕ Беларуси, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй. Программӕйы уыд, фыссæджы цард ӕмӕ сфӕлдыстады алыхуызон фӕзилӕнтыл чи ӕххӕссы, ахӕм докладтæ. Ирон филологийы факультеты декан Гуытъиаты Эльмирӕ йе ‘ ргом аздӕхта Къостайы тӕлмацгӕнӕн бынты темӕмӕ æмӕ радзырдта йӕ тӕлмацгӕнӕн практикӕйы тыххӕй, сӕрмагондӕй англисаг ӕвзагмӕ тӕлмацты тыххӕй.
Ноджы мадзалы фӕлгӕты байгом тематикон равдыст “Ӕгас дуне — мӕ кувӕндон”. Баиу кодта поэты нывӕфтыд куыстытӕ, архивон ӕрмӕджытӕ, йӕ цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл фыст рауагъдтӕ. Хетæгкаты Къостайы мысæн бонимæ баст изæртæ, фембæлдтытæ, йæ цард æмæ сфæлдыстадыл афæлгæстытæ уыдысты нæ республикæйы районты ахуырад æмæ культурæйы артдзæстыты дæр.
















