Коронавирусæй рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны ацы сахатмæ у 1871. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 70 адæймаджы. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Рынчынтæн медицинон æгъдауæй æххуыс кæнынц дохтыртæ.
Лæмбынæг цæстдард цæуы, рынчынтæ хæстæг кæимæ æмбæлыдысты æмæ ныхас кæимæ кодтой, уыдонмæ дæр. Æдæппæтæй COVID-ы аххосæй республикæйы фæмард 14 адæймаджы. 386 коронавирусæй сдзæбæх сты. Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц у 1 962 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та – 3 516 адæймаджы.
















