Алæмæты хъæлæс æмæ адæмы æгæрон уарзондзинад. Билаонты Долоресы райгуырдыл абон сæххæст 85 азы. Æрдзæй цы стыр курдиат рахаста, уый æнæвгъауæй лæвар кодта йæ уарзон адæмæн. Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Билаонты Долоресæн абон Гергиты Валерийы номыл аивæдты лицейы байгом кодтой номарæн фæйнæг.
Йæ алы зарæг дæр – адæмæн уарзон. Йæ хъæлæсы алы зæл дæр – удмæ хъаргæ. Æгæрон курдиат æмæ руссугъд зæрдæйы хицау Билаонты Долорес аивадуарзджыты зæрдæтæм фæндаг ссардта йæ фыццаг фæзындæй сценæйы.
Музыкæйæн лæггад кæныны русугъд фæндаг Билаонты Долорес равзæрста йæ сабибонты. Скъолайы фæстæ нузайлаг чызг каст фæцис Орджоникидзейы аивæдты училищæ. Фæстæдæр та, 1964 азы, Гнесинты ‘фсымæрты номыл Мæскуыйы музыкалон-педагогон институты вокалон хайад. Ахуыр кодта зындгон Иосиф Кобзонимæ. Æмæ бирæ азы дæргъы уыдысты хæлæрттæ дæр.
Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы зындгонд оперон зарæггæнæг, лирикон-драматикон сопранойы хицау – Билаонты Дорлорес 3 азы дæргъы куыста Мæскуыйы Стыр театры. Фæстæдæр æрыздæхт йæ райгуырæн зæххмæ æмæ уыд Цæгат Ирыстоны оперæ æмæ балеты театры солисткæ. Йæ ирд хъæлæсæй сценæйы сарæзтæ дæсгай сурæттæ. Ирон оперæтæ «Азау» æмæ «Олланæ»-йы азарыд сæйраг партитæ, «Къоста»-йы оперæйы уыд сидзæргæс, «Ханты цагъд»-ы та – Косерхан. Уæдæ йæ алæмæты хъæлæс зæлыд дунеон классикæйы уацмыстæ дæр. Азарыд Тамарæйы парти «Демоны», Амелия – «Бал-маскарад»-ы, Сантуцца – «Сельская честь»-ы, Графиня – «Пиковая дама»-йы, Чио-Чио-Сан, Аидæ æмæ ма андæртæ…
Хъуылаты Елхъан, Бæцæзаты Юрий… æмæ ма бирæ æндæр курдиатджын зарæггæнджынтимæ азарыд дуэтæй Билаонты Долорес. Хицæн ныхасы аккаг та сты адæмон, стæй советон композиторты зарджытæ. Уыдон банымайæн ис музыкалон классикæйыл. Хицæн ныхасы аккаг у суинаг зарæггæнджыты райрæзтмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уый. Нæ сын ‘вгъау кодта йæ зонындзинæдтæ, сæрысты уыд йæ алы ахуыргæнинагæй дæр, зæгъы Билаонты Долоресы фырт Хайты Ибрагим.
Абон зындгонд зарæггæнæг æмæ педагогæн Гергиты Валерийы номыл аивæдты лицейы байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Ацы кабинеты Билаонты Долорес схъомыл кодта зарæггæнджыты цалдæр фæлтæры. Каджын мадзалы бацархайдтой музыкалон интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ Долоресы бинонтæ.
















