Коронавирусæй рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны ацы сахатмæ у 2 387. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 73 адæймаджы. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Рынчынтӕн медицинон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнынц дохтыртӕ. Лӕмбынӕг цӕстдард цӕуы, рынчынтӕ хӕстӕг кӕимӕ ӕмбӕлыдысты ӕмӕ ныхас кӕимӕ кодтой, уыдонмӕ дӕр.
Æдæппæтæй covid -ы аххосæй республикæйы фæмард 22 адæймаджы. 1 164 коронавирусæй сдзæбæх сты. Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц у 1 398 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та – 5 170 адæймаджы.
















