Ныв кӕнын, викторинӕтӕ, кӕфтытӕ, музыкӕ. Ӕгуыстӕй нӕ бадынц сывæллæттæ: бон-изӕрмӕ сæм цымыдисаг ахуыртӕ ӕмӕ мастер-класстӕ. Ныртӕккӕ, зӕгъӕм, ныв кӕныны урок. Архайынц алы хаххыл дӕр, ахуыр кӕнынц ахорӕнтимӕ кусын.
Сывӕллӕтты рӕзын кӕнынц алывӕрсыгӕй, кæд скъолайы хӕрз чысыл рӕстӕг ӕрвитынц, уæддæр. Абон фӕсивӕд араст сты ахуырады ног уӕлӕмхасӕн центрмӕ. Уым сӕм ӕнхъӕлмӕ каст музыкалон лæвар.
Ӕмӕ музыкӕ азæлд. Зӕнджиаты Тимур фӕндыр фыццаг хатт нæ райста йӕ къухтæм, раздӕр ахуыртӕм цыди, лагеры та ис фадат ноджыдæр ацæгъдынæн. Ацы инструмент тынг уарзы.
Скъолайы раз лагеры ныр къуыри фӕци лæппу. Ам фылдæр йæ зæрдæмæ цæуы ныв кӕнын ӕмӕ спорт. Фидæнмæ Тимур фӕнд кӕны ардæм раздæхын.
Сыхаг къласы та хъуыстысты бынтон ӕндӕр мелодитӕ. Англисаг ахуырты сывӕллӕттӕн амонынц ӕвзаджы бындуртӕ, цӕуынц грамматикӕ ӕмӕ суанг ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр кӕсынц.
Асланӕн англисаг йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, фӕлӕ тынгдӕр — фӕндырдзагъд. Сфæнд кодта — хъуамæ æнæмæнг сахуыр уа ацы инструментыл. Ахæм хъæлдзæг у лагеры алы бон дӕр. Сывӕллӕттӕн дӕттынц фадат сӕхи равдисынӕн алыхуызон къабӕзты — аивадӕй спорты онг.
Скъолайы раз лагерь ныр дыккаг аз кусы, ацы хатт æм бахауын кӕй фӕндыд, уыдон бирæ уыдысты, фӕлӕ дзы райсын бантыст ӕрмӕст 40 сывӕллоны. Ам вæййынц 9-æй 15 сахатмӕ. Ӕдӕппӕтӕй ацы сӕрды уыдзæн 2 сменæйы: 2-ӕмæй 16-ӕм июнмӕ ӕмӕ 19-ӕмæй 2-ӕм июлмӕ.
















