Фарон Цæгат Ирыстоны мæнг æхцатæ разынд 20% къаддæр. Æдæппæтæй æнæзакъон зилдухы уыд 40 мæнг уæрæсейаг банкнотæйы. 24 дзы уыдысты фондз мин аргъӕн купюрæйы, мин æмæ дыууæ мин сомы номиналимæ гæххæттын æхцатæй цæстфæлдахæн разындысты 10.
Дызæрдыггаг æхцатыл йæ цæст кæмæн æрхæца, уыдон хъуамæ тагъд ма кæной. Специалистты хъудымæ гæсгæ сбæрæг кæнæн сæ ис æнæ сæрмагонд кусæнгарзæй. Сæрмагондæй ис лæвар мобилон уæлæфтуан «Банкноты Банка России» спайда кæнӕн.
Кæд ма уый фæстæ зæрдæ ‘хсайа, уæд та ацæуын хъæуы банкмæ æмæ кассæйы кусæг купюрæйы æцæгдзинад сбæрæг кæндзæн. Экспертизæйы фæстæ уын банкнотæ баивдзысты, мæнг æхца та арвитдзысты пъæлицæйæгтæм.















