Пожарскийы уынджы 5-æм бирæфатерон хæдзар рагæй у рацаразинаг. Бындур ын сæвæрдтой ивгъуыд æнусы 60-æм азты, уæдæй нырмæ цалцæггонд нæ уыд. Специалисттæ цæрджытимæ æмбырды æрныхас кодтой фидæны куыстытыл.
“Уæ хæдзар, Китайаг фæзылд æххæстæй æмæ ма фидæны аз 7-æм хæдзар фæнд кæнæм сцалцæг кæнын. Цæмæй аив уа æмæ æхцондзинад хæсса куыд туристтæн, афтæ цæрджытæн дæр”.
Хæдзары ис 172 фатеры. Дарчиты Альбинæ цæры 5-æм уæладзыджы. Сылгоймаг куыд радзырдта, афтæмæй фылдæр тыхсынц цары уавæрæй. Æвзæр боныхъæды дон æрхъары, уый аххосæй къултæ суымæл вæййынц æмæ сыл хъуына фæхæцы.
Хæдзары сæрæй уæлдай ма дзы бирæ аиппдзинæдтæ ис. Ныккæнды хæтæлтæй дон хъары, фыдбылызæй тæссаг уавæры сты электрон тых дæттæн телтæ дæр. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, фатерты хъарм нæй. Фæлæ ацы фарстатæ дæр иуварс кæндзысты. Уымæн цæрджытимæ фембæлд ахсджиаг къæпхæн у.
Дзæуджыхъæуы бирæфатерон цæрæнбынæттæй ацы хæдзар ис фыццæгты хыгъды, бындурон цалцæг кæм цæудзæн. Сног кæндзысты инженерон системæ, цар, разуынд. Æдæппæтæй ацы аз рацараздзысты 26 хæдзары.
Уыдонæй 14 хæдзары сног кæндзысты инженерон системæ æмæ цартæ, 12-ы та баивдзысты 50 лифты. Цæрджытæ сæхæдæг дæр архайдзысты. Куыстытæн æвдисæндартæ райсыны размæ сæ къухтæ æрфысдзысты хæдзары цæрджытæ. Ома хъуамæ цалцæгæй разыйæ баззайой, сразы уой æппæт архайдимæ. 2026-æм азæй бындурон цалцæджы фонд бакодтой Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады бæрны, уый та ууыл дзурæг у, æмæ ацы афæдзæй министрад йæ цæст дары нæ республикæйы æппæт цалцæггæнæн куыстытæм дæр.
Æмбырды сæ хъус æрдардтой цæрджыты æппæт фæндтæм дæр. Пожарскийы уынджы хæдзары бындурон цалцæг та райдайдзæн ацы аз апрелы.
















