Банкæ, парафин æмæ картон йедтæмæ дзы ницы ис, фæлæ тохы раззаг бынæтты мингай салдæтты батавы. Акъоппы цырагъ саразынæн бирæ ницы хъæуы, фæндгæ дæ кæнæд, æндæр. Годзойты Гурамы æрмадзы куыст никуы ‘рлæууы. Ныртæккæ йæ фарсмæ сты Юнармийы фæсивæд.
Фыццаг уал буаргъæдæй таддаг саразынц. Уый тыххæй хъæуы сæрмагонд аг. Дарддæр парафин тасмачъи банкæйы ныккæнынц, фител — картонæй.
Дарддæр — кæронбæттæн къæпхæн. Цырæгътæ хъуамæ бахус уой. Сахаты ‘рдæджы фæстæ сæ пайдагæнæн уыдзæн.
Ахæм дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æппынæдзух вæййы ам. Гураммæ æвзонг армионтæ фыццаг аз нæ цæуынц. Бархионтæ куыд зæгъынц, афтæмæй æрыгæттæ хъуамæ фронтæн æххуыс кæной. Цæллаты Владæ фыццаг хатт фæлвары цырагъ саразын. Отряды рагæй ис æмæ нæ хæстон фæсивæдмæ фæкæсын йæ хæсыл нымайы.
Годзойты Гурамы æрмадзы бынат алкæй фаг дæр ис. Ныр æртыккаг аз ардыгæй æрвитынц сæдæгай акъоппы цырагъы æмæ æндæр гуманитарон æххуыс. Райдыдтой хиконд пецтæй. Газы баллонтæй иу сæ сарæзтой. Уый фæстæ сæм æнæмæнг хъæугæ дзауматæ æмæ техникæ бафтыдтой.
Барихион йæхæдæг дæр аласы гуманитарон уæз. Куыд зæгъы, афтæмæй 30 хаттæй къаддæр нæ уыд сæрмагонд операцийы бынаты. Æрæджы райдыдта Адæмон фронтимæ æмгуыст кæнын. Æххуысы фылдæр хай арвиты организацийы регионалон штабы уылты. Афтæ йæ фидарæй фæзоны — дзауматæ бынатмæ фæхæццæ уыдзысты. Фидæны сын сæ бæрц фæнд кæны фæфылдæр кæнын. Æрæджы, цæрджытимæ иумæ, балхæдтой машинæ — “Газель”.
Стыр æргом — рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ. Мастер-класстæм арæх æрбахонынц сæрмагонд операцийы æфсæддонты. Уыдон фæсивæдæн радзурынц сæ хæстон фæлтæрддзинад æмæ фыццаг æххуысы тыххæй.
















