Фыдыбæстæйы стыр хæсты 24 ветераны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ схорзæхджын кодтой орден «Ирыстоны намыс»-æй.
Уый у нæ республикæйы æппæты уæлдæр паддзахадон хæрзиуæг. Кадджын уавæры сæ хицауады уæнгтæ ветерантæн лæвæрдтой сæ хæдзæртты. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ Валентина Баулина, Цакъоты Верæ æмæ Александр Варламовӕн сæ хæрзиуджытæ æмæ лæвæрттæ радтой, стæй сын арфæйы ныхæстæ ракодтой нæ республикæйы куыстдæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ æмæ Цæгат Ирыстоны транспорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл.
Уæлахизы фæдыл бузныджы ныхæстæ ветерантæ Тотраты Виктор, Елена Гончарова æмæ Валентина Каменевайæн загътой нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн æмæ Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ.
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав уазæгуаты уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Пагæты Алыксандрмæ. Ракодта йын арфæ. Ветерантыл цæуы 100 азмæ ‘ввахс. Се ‘ппӕт дӕр мидбылхудгæйæ æмæ зæрдиагæй сæмбæлыдысты сæ уазджытыл æмæ бацин кодтой сæ кадджын хæрзиуджытыл.
















