Абон æппæт Уæрæсейы мысынц, се` æфсæддон хæс æндæр бæстæты цы æфсæддонтæ æххæст кодтой, уыдоны. Афганистаны цæрджыты æдасдзинад æмæ сабырдзинады сæраппонд сæ цард нæ бавгъау кодтой Ирыстонæй рацæугæ хъæбатыртæ. 1 200 адæймагмæ æфсадмæ фæсидтысты, уыдонæй 57 – æй фæстæмæ нал сыздæхтысты.
33 азы размæ не ‘фсæдтæ цæугæдон Амударьяйы хидыл арæнты сæрты æрбахызтысты. Не ‘мзæххонтæ цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый æгас дунейы нырмæ дæр рох нæу. Дæс азы æнæрлæугæ тох. Интернационалон хæс æххæстгæнгæйæ, нæ хæстонтæ æрмæст хæствæллад адæмы сæраппонд нæ тох кодтой. Сæ хъæбатырдзинад суанг историйыл дæр сахадыдта.
Уыцы хæсты тох кодтой милуаны ‘рдæгæй фылдæр советон салдаты, 14 мин æфсæддоны сæ цард радтой Афганистаны зæххыл. Фæстæмæ чи æрыздæхт, уыдонæй та бирæтæ фатер самал кæныны хъуыддаджы зындзинæдтæ ‘ййафынц. Афтæ Руслан дæр. 2004-æм азæй хæссы хæстон цауты ветераны ном. Цæрæнуат райсынмæ чи ‘нхъæлмæ кæсы, уыдоны хыгъдмæ дæр хаст æрцыд, фæлæ йæ рад фыццаг рæнхъытæй фæстæгтæм æрхауд.
Фарста сӕ ногтӕй нӕу, æмæ йæ бынæттон æмвæзадыл алыг кæныны фадат нæй. Республикæйы ветеранты Советы куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм хъуыддæгтыл хъуамæ ныхас кæной федералон æмбырдты рӕстӕг. Афганистаны хæстонтæ æрмæст Ирыстоны не ‘нхъæлмæ кæсынц социалон льготæтæм. Сæ курдиӕттæ загътой республикæйы сæргълæууæгæн дæр. Сæйрагдæр баст сты медицинон æххуысимæ. Фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы хæстон цауты ветерантæн сæрмагонд хайад сараздзысты. Медицинон лæггæдтæй пайда кæныны бар дзы уыдзæн сæ бинонтæн дæр.
Уый зынгæ æххуыс у. Иуæй-иутæн та – æнæмæнг хъæугæ. Афгайнæгтæй алкæуылдæр хæст йæ фæд ныууагъта. Уымæ гæсгæ нæ алкæйы хæс дæр у уыцы хъæбатыртæн кад кæнын, се сгуыхтдзинæдтæ ма рох кæнын. Дзæуджыхъæуы Афгайнаг скверы хъайтарты нæмттæ æрымысыдысты минут æдзæмæй алæугæйæ. Монументы цур дидинджытæ сæвæрдтой.
















