4 азы размæ Дигорайы цы фыдракæнд æрцыд, уый бирæ адæмы зæрдæтæ ныккæрзын кодта. Бынæттон хæрæндæттæй иуы цур дыууæ адæймаджы амардтой, æртыккаг та уæззау цæфтæ фæцис. Аххосджынтæй иуы бæргæ уайтагъд рацахстой, фæлæ дыккаг йæ сæр бафснайдта. Фæлæ, дам, адæймаг – фæндтæгæнæг, Хуыцау – аразæг. Лидзæг фыдгæнæджы иуахæмы йæ хъысмæт Дзæуджыхъæумæ æркодта.
Гæрзифтонг фыдгæнæджы пæлицæйæгтæ рацахстой Дзæуджыхъæуы бæстастæу, хи хæдзары. Ацы фыдракæнд раргом кæнынмæ йæ цæст дардта суанг министр Михаил Скоков йæхæдæг дæр. Йæ кой йын кодтой æгас æхсæнады дæр. Фыдбылыз æрцыд 2014-æм азы, уæд барады кусджытæн бантыст фыдгæнджытæй иуы æрцахсын. Дыккаг йæ сæр бафснайдта, радтой йæ федералон агуырдмæ. Ныр уымæн дæр йæ къухтыд цæгтæ балхынцъ сты. Хабæрттæ цыдысты афтæ. 2014-æм азы, январы Дигорамæ `ввахс хæрæндæттæй иуы цур æртæ адæймагыл нызгъæлдтой автоматы нæмгуытæ. Дыууæ адæймаджы фæмард сты бынаты, иу дзы фæцис уæззау цæфтæ. Байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Слестгæнæн мадзæлттæ барадхъахъхъæнджыты ракодтой Дигорайы дыууæ цæрæджы фæдмæ. Сæ иу – 1984-æм азы, иннæ та – 1982-æм азы гуырд. Сæ иуы баурæдтой æмæ йæ ахæстоны 18 азмæ бамидæг кодтой. Дыккаг йæхи республикæйæ айста. Бахъуыд æй федералон агуырдмæ радтын. Чи алыгъд, уый фæдыл бафтыдтой мидхъуыддæгты хуыздæр кусджытæ. Йæ къам ын бакодтой сæрмагонд стендты, фыдгæнæнджы тыххæй базыдтой Уæрæсейы регионты дæр. Чысылгай йын йæ фæдыл бамбæлдысты. Иуахæмы йæ Дзæуджыхъæумæ æрцæуын бахъуыд. Кæм ис, уый базыдтой, æмæ ма афтæмæй йе `рцахсынæн цы хъуыдис… Баурæдтой йæ йæ мады хæдзары. Йемæ ма разынд хæцæнгарз дæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй закъоны сæрты фыццаг хатт нæ ахызт. Тæрхон ма йын раздæр дæр кодтой. Амарыны тыххæй уголовон хъуыддагмæ та ма бахъуыд хæцæнгарзы æнæзакъон зилдухы тыххæй хъуыддаг дæр байгом кæнын. Фыдгæнæг ныртæккæ у ахст.
Хъуыддаджы фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Уæрæсейы слестгæнæн комитеты ЦæгатИрыстойнаг хайады дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй фыдгæнæг, гæнæн ис, æмæ ахæстоны арвитдзæн 20 азы онг. Сæхимæ сын байхъусæм.
















