Специалисттӕ кæнынц ӕххӕст иртæстытæ. Туджы анализ, ЭКГ ӕмӕ УЗИ. Дӕсаздзыд Гордей Кравец Тӕмисчъы йӕ рӕстӕг хъæлдзæгæй æрвиты. Лӕппу ссардта ног хӕлӕрттӕ, ӕрӕджы архайдта “Веселые старты”-йы, сфӕнд кодта йе ‘нӕниздзинады уавæр сбӕрӕг кӕнын. Куыд радзырдта, афтæмæй, уый у æппæты ахсджиагдæр.
Диспансеризаци — пъланмæ гæсгæ ӕмӕ ӕрвылазон. Донецкы республикӕйӕ сывӕллӕтты федтой Алагиры центрон рынчындоны дохтыртӕ. Окулист, хирург-ортопед, кардиолог, ӕдӕппӕтæй 12 специалисты. Куы бахъæуа, уæд фæсивæды арвитдзысты бӕлвырддӕр æркастмæ. Афтӕмæй низтæ афоныл раиртасæн ис.
Ныр ӕртӕ азы нӕ республикӕ суазæг кæны сывӕллӕтты Донецкы адӕмон республикӕйы фронты зонӕтӕй. Бынаты сын æппӕт фадӕттӕ саразыныл дæр архайынц. Ам сӕ бон у се ‘нӕниздзинад фӕхуыздӕр кӕнын. Регионалон ӕхсӕнадон организаци “Землячество Алания”-йы сæрдар Бӕззаты Еленӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ реабилитацион фӕлладуадзӕн рӕстӕг тынг ахсджиаг у æмӕ Ирыстоны фæсивæдыл алкæддæр æхсызгонæй сæмбæлынц.
Æдæппæтæй диспансеризаци ацыдысты 35 адæймаджы. Уыдон ссыдысты 20-æм июны ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны уыдзысты 7-æм июльмӕ. Уыцы рӕстӕг сывӕллӕттӕ арвитдзысты ӕнӕниздзинадæн пайдаимæ ӕмӕ райсдзысты бирӕ æхсызгон ӕнкъарӕнтӕ.
















