Наукæ æмæ культурæйы зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кæнын, стæй ма уыимæ логикон хуызы хъуыды кæныныл дæр сахуыр уæвын цымыдисаг куыд хъуамæ ма уа?!
Республикон физикон-математикон лицей-интернаты 40 ахуырдзауы бацархайдтой квизы “Игры разума”, зæгъгæ. Сæ зонындзинæдтæ дзы æвзæрстой 7 къорды. Архайджытæ дзуапп лæвæрдтой истори, литературæ, математикæйæ фарстатæн. Уæлдай цæстдард здæхт уыд патриотон хъомыладмæ. Ноябры кæронмæ ма сараздзысты ноджы 15 хъазты. Аразджытæ фæнд кæнынц уырдæм астæуккаг ахуыргæнæндæтæ æмæ æндæр скъолатæй 1 мин адæймаджы æрбахонын. Мадзал æххæст кæнынц “Движение первых”-ӕй цы грант рамбылдтой, уый фæрцы.
















