Горæты администрацийæ хъусынгæнинаг. Райсом Дзæуджыхъæуы Октябры революцийы 101 азы бæрæгбоны мадзæлттæ кæй цæудзысты, уый тыххæй горæты цалдæр уынджы уыдзысты æхгæд.
Хæдтулгæтæн дзы сæ бон ахизын нæ уыдзæн райсомы 8 сахатæй 16 сахатмæ. Кæй æрæхгæндзысты, уыцы уынгты номхыгъд ныртæккæ уынут уæ экрантыл:
- Байаты Гаппойы уынг (Штыбы фæзæй Сæрибары фæзы онг),
- Сабырдзинады проспект (Сæрибары фæзæй Кировы уынджы онг),
- Дзанайы-фырты уынг (Миллеры уынгæй Вахтанговы уынджы онг),
- Горькийы уынг (Ленины уынгæй Хъыбызы-фырты уынджы онг),
- Хъыбызы-фырты уынг (Станиславскийы уынгæй Горькийы уынджы онг),
- Куйбышевы уынг (Вахтанговы уынгæй Сабырдзинады проспекты онг),
- Миллеры уынг (Некрасовы уынгæй Театралон фæрсуынджы онг),
- Театралон фæрсуынг (Баллайы-фырты уынгæй Сабырдзинады проспекты онг),
- Станиславскийы уынг (Баллайы-фырты уынгæй Сабырдзинады проспекты онг).
Уыцы-иу рæстæг Сабырдзинады проспектыл нæ цæудзысты трамвайтæ дæр.
















