Сергей Меняйло сфидар кодта республикон программæ “Свой регион”. Апарахат уыдзæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытыл. Æмæ ратдзæн артаг æмбæлгæ аргъæй æлхæныны фадат. Уавæр нывыл кæныны мадзæлттыл æмæ артагæй æххæст кæныныл æрдзырдтой Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады. Æмбырд арæзт æрцыд республикæйы артаджы станцæты разамонджытимæ, стæй нефты компаниты регионалон оператортимæ.
Цы бадзырдтæ бафыстой, уыдоны фæлгæты Цæгат Ирыстоны бантыст бауромын артаджы æргъты уæлæмæ цыд. Афтæмæй, æндæр регионты цæрджытæ бензин æлхæнынц Цæгат Ирыстоны. Уый аххосæй бензин нæ фаг кæны бынæттон цæрджытæн. Артаджы станцæты сæвзæры дæргъвæтин рад. Уый та ахады регионы артаджы уавæры æдасдзинадыл.
















