1941-æм аз, фӕззӕг. Катя цалдӕр боны нӕ бафынӕй — йæ мой фронтмӕ ацыд ӕмӕ дзы ныр 2 мӕйы хабар нӕй. Ӕбӕрӕг уавӕр афтӕ тынг кӕй удхарӕй мары, уыцы ӕрыгон сылгоймаджы ӕрхӕндӕг ӕмӕ ныфссастдзинад. Сгуыхт артисткӕ Бестауты Зояйӕн ацы ролы бантыст сӕйрагдӕр равдисын.
Сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ, зӕрӕдтӕ. Эвакуаци сӕ скодтой скӕсӕнырдӕм, фронтӕй дарддӕр. Алкӕмӕн сæ ис йӕхи, зын хъысмӕт, фӕлӕ се ‘ппӕты дӕр иу кӕны товарласæн вагон. Цӕлхыты гыбар-гыбурмӕ, райсом цы уыдзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ, цӕрынц — тыхстытӕ, хъаугъатӕ ӕмӕ ма суанг цинтимӕ дӕр. Генералон репетици — Уырыссаг театры чысыл сценӕйыл. Михаил Рощины драмӕ “Эшелон” рӕгъмӕ рахӕссын сфæнд кодта режиссер Хъæрджынты Изабеллæ.
Спектакльмӕ сӕхи цӕттӕ кодтой 2 мӕйы бӕрц, архайынц дзы театры артистты дыууӕ къорды. “Хуымӕтӕджы куыст нӕ, фӕлӕ Фыдыбӕстӕйы стыр хæсты темӕйӕн лӕггад”, — афтӕ дзуры режиссер, равдысты чи архайы, уыдоны тыххӕй.
Хӕст тагъд фӕуыдзӕн, зӕгъгӕ, йӕ зӕрдӕ чи дардта, уыдоны истори. Стыр Уӕлахиз нырма дард у, фӕлӕ сын ныфс ӕххуыс кæны алцӕй ныхмӕ дӕр хъӕддых фӕлӕууынӕн. Спектакль “Эшелон”-ы премьерӕ ацӕудзӕн 7 ӕмӕ 8 майы.
















