preloader
сейчас в эфире
21:44
ЗАЩИТНИКИ 16+
Смотрите Далее
22:00
ВЧЕРА ЗАКОНЧИЛАСЬ ВОЙНА (5,6-АЯ СЕРИЯ) 12+
23:45
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЗАЩИТНИКИ 16+
close

Абон ӕгас дунейы бӕрӕг кӕнынц медицион хойы бон

12.05.2026 13:41

Ныфс дæттын канд сывӕллӕттӕн нӕ, фӕлӕ æмкусджытӕн дӕр — æнкъарӕнтӕ куы стынг вæййынц æмæ сыл фӕтых уӕвын зын куы вӕййы, уӕд. Дохтыртӕ, медицинон хотӕ, санитаркӕтӕ — ӕппӕт кусджытӕ дӕр архайынц иумӕйаг механизмау.

Йӕ фыццаг укол Тменаты Зӕлинӕ скодта суанг 10-аздзыдӕй. Йӕ мад фосы дохтыр уыд ӕмӕ чызг сабийæйӕ фӕстӕмӕ тырныдта ӕххуыс кӕнынмӕ. Фӕлӕ йӕхицӕн равзӕрста ӕндӕр фӕндаг — сси сывӕллӕтты рынчындоны медицинон хо. 40 азӕй фылдӕр стаж. Абон у Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны инфекцион реанимацийы хистӕр медицинон хо. Медицинӕ бæрзондтехнологон куы нӕма уыд, уӕд, райдыдта йæ дæсныйадмæ фӕндаг.

Дзуапп хуымæтæг — уымӕн ӕмӕ уарзӕм сывӕллӕтты. Ӕмӕ ам алкӕмӕн дӕр уый куыст нӕ, фӕлӕ царды нысан у. Æхсӕвӕй-бонӕй цӕттӕ уӕвын цыфӕнды зын уавӕр ӕмӕ ӕвӕджиауы цаумӕ дӕр.

Æмӕ йæ фервӕзын кодта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ та ма дæсгай чысыл сабиты цард дæр. Бирæ хабæрттæ радзырдта не сфæлдыстадон къордæн цӕссыгкалгӕ Зӕлинӕ, йӕ зæрдæйæ чи нӕ хицӕн кӕны, уыцы чысыл рынчынты тыххӕй. Реанимаци ӕмӕ интенсивон терапийы хайадмӕ сывæллæттæ бахауынц уӕззау уавæры, хатгай хӕцгӕ низтимӕ. Хайады æппæт кусджыты бӕлвырд куыст снысан кӕнын, рынчынтӕн хъӕугӕ хостӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ дæттын — ацы хъуыддæгтæ сты хистӕр медицинон хойы сӕйрагдӕр хӕстӕй иутӕ.

Ацы рынчындоны иу адӕймаг дӕр йӕхи хъӕбатырыл нӕ нымайы. Дзуапп дӕттынц хӕдӕфсармӕй ӕмӕ, дис кӕнгӕйӕ дӕр — уый у нӕ куыст. Æмæ сæ ныхӕстæ æнцайынц сывӕллонмӕ ӕнӕкӕрон уарзондзинадыл. Гӕздӕнты Маринӕмæ афтæ кæсы, цыма йын реанимацийы куыст хъысмæтæй лæвæрд у. Уый та хъысмæт нæ, фæлæ адæймагæн йæхи фæндон у — алы бон дӕр ӕргом зӕрдӕйӕ тох кӕнын сывӕллӕтты цард æмæ æнæниздзинадыл.

Ныфс дæттын канд сывӕллӕттӕн нӕ, фӕлӕ æмкусджытӕн дӕр — æнкъарӕнтӕ куы стынг вæййынц æмæ сыл фӕтых уӕвын зын куы вӕййы, уӕд. Дохтыртӕ, медицинон хотӕ, санитаркӕтӕ — ӕппӕт кусджытӕ дӕр архайынц иумӕйаг механизмау.

Ам алы бон дӕр цӕуы тох сывӕллӕтты сӕрыл. Реанимаци ӕмӕ интенсивон терапийы хайад ноггуырд сывӕллӕтты ныр 30 азы ирвӕзын кӕнынц. Ӕмзонд, ӕмвӕнд адӕмы къорд, сӕ сӕргъы республикӕйы сгуыхт дохтыр Быценты Роланд. Хайады хистӕр медицинон хойӕн алы саби дӕр — хионау.

Алы фезмӕлды дӕр бӕлвырддзинад, препараты бӕлвырд хыгъд. Буары чысыл ӕмӕ зына-нӕзына ивддзинад дæр фенын, сабимæ арæхстгай базилын.

Алы архайд дӕр биноныг дæсныдзинадимæ. Реанимацийы ӕнкъарӕнтӕ иуварс аззайынц, ам сӕйраг хӕс у сывӕллоны ӕнӕфӕцудгӕ уавӕрмӕ ӕркӕнын.

Сывæллæтты рынчындоны кусджытӕ зӕгъынц — мах не ‘ппӕт дӕр ныридӕгӕн ӕмкусджытӕ нæ, фæлæ бинонтæ стæм. Къулыл цы къам ис ауыгъд, уый сæ ныхæстæн æвдисæн. Ис ыл, реанимацийы хайады кӕй фервӕзын кодтой, уыцы сабитӕй иу. Уарзтой йӕ ӕмӕ йӕ схастой, лӕппу фӕдзӕбӕхдӕр ӕмӕ схъомыл ӕнӕнизæй. Азтӕ куы рацыд, уӕд та йӕхӕдӕг дӕр сфӕнд кодта дохтыр суӕвын. Ныр, йӕ фӕндаг цардмӕ цы хайадӕй райдыдта, уырдӕм ӕрбацӕуы ординаторӕй ӕмӕ йӕ куысты уысмтӕ дих кӕны йӕ кадджын ӕмкусджытимӕ.

Сӕдӕгай историтæ, хъысмӕттӕ ӕмӕ ныфсытӕ. Алы бон дӕр реанимацийы хайӕдты дӕттынц царды ныфс. Протезтæ скӕнынц сывӕллӕтты буары хӕлд кӕнӕ сӕфт функцитӕн, хатгай та сӕ бынтондӕр баивынц. Уыцы тыхджын ӕмӕ ныфсхаст адæймæгты фӕллойӕн аккаг аргъ скӕнӕн нӕй. Ӕппӕтӕй хуыздӕр ӕй ӕвдисы, не сфæлдыстадон къорд алы хъайтарӕй дӕр цы ныхæстæ фехъуыста, уыдон —”Сывӕллӕтты уарзын хъӕуы”.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дело мастера I Карина Дзабиева
12.08.2026
Доброе утро, Осетия! I 12.08.2026
12.08.2026
11.08.2026 I Бæрнон ныхас
11.08.2026
Ася Цаликова I Профессиональный путь
11.08.2026
Театр «Шкит»-ы ӕмӕ фæлтæрджын риелтор I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
11.08.2026
Цифровой рубль, поддержка семей перед учебным годом и сахарозаменители | Самое время
10.08.2026
Секъинаты Элитæ | Заманæй
10.08.2026
Сокровища Кавказа | лекция 10: Именные наборы ранних средневековых алан | Ossetica
10.08.2026
Ну-ка, все вместе! | Доброе утро, Осетия!
10.08.2026
В итоге: 9 августа
9.08.2026
О Марии Бетоевой I Гвардия
8.08.2026
Дзирийы Дзуар I Кувæг Ир
8.08.2026
Фестиваль «РОН» I Доброе Утро, Осетия!
7.08.2026
Риски обвалов на Транскаме, питьевая вода из-под крана, эпидемиологическая ситуация и актуальные новости недели | Самое время
6.08.2026
Ирон чат I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
6.08.2026
Все рекомендуемое