Фæс æхсæвмæ музейты дуæрттæ адæмæн гом уыдзысты. Абон райдыдта дунеон акци «Музейты `хсæв». Абон уал 3 регионы байгом сты сæрмагонд экспозициты равдыстытæ. Цæгат Ирыстоны та сæйраг мадзалтæ райдайдзысты райсом. Дзæуджыхъæуы Национ музейы æрбацæуджытæн равдисдзысты нывгæнæг Лариса Павловайы куыстыты равдыст. Цæгат Ирыстоны йын фыццаг у . Экспозици «Аромат любовной пыли»-йы равæрдта 40 куысты. Конд сты акварелæй æмæ уазал батикы техникæйы. Ацы аз музейты хсæвы фæлгæты æвдыст æрцæудзысты кинонывтæ, спектакльтæ, викторинæтæ æмæ концертон программæ. Кæм цавæр мадзæлттæ уыдзæн, уый тыххæй бæлвырд информаци базонæн ис республикæйы культурæйы министрады официалон сайты.
Лариса Павлова, нывгæнæг : «Уыд ахæм рæстæг æмæ культурæйы æвзист дуг мæ зæрдæмæ тынг цыд. Суанг ма иу уыцы дуджы фыст æмдзæвгæтæ куы кастæн, уæд мæ цæстыты раз уадысты цавæрдæр сурæттæ æмæ хуызтæ. Æмæ иу уæд нывты хуызы мæ хъуыдытæ æвдыстон. Афтæ рауад æмæ мæм æрæмбырд хи равдысты фаг æрмæг. Æмæ мæ ныр фæнды цæмæй сæ адæм фылдæр базоной æмæ сын аргъ скæной».
















