preloader
сейчас в эфире
11:29
ДОЛГ 12+
Смотрите Далее
12:05
А ДОМА ЛУЧШЕ. БАЙКАЛ 12+
13:00
ХАБӔРТТӔ 12+
13:15
КАСАЕВ. ДИАЛОГИ 12+
14:45
ПОСЛЕДНИЙ ИЗ МОГИКАН 12+
15:15
РАЗБОР ПОЛЕТОВ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ДОЛГ 12+
close

Доны бын фесты

21.05.2018 17:04

Тæрккъæвда æмæ ихы фæстæ цæлыччы ‘рцыд донивылд.

Æрдзон фыдбылыз æрцыд Рахизфарсы районы, Цæлыччы. Тæрккъæвдатæ æмæ ихы фæстæ хъæуы `мбис доны бын фæцы. Хъыгдард баййафджыты ныхæстæм гæсгæ, доны æмвæзад метрмæ хæццæ кодта. Уавæрмæ йæхæдæг æркаст нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Бабар кодта цыбыр рæстæгмæ фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæнын. Куыд æмæ цæмæ `рцыд ацы хабар? Нæ уацхæссæг Гогаты Марат æй базыдта.

Ацы донивылд Цæлыччы цæрджыты æвастæй сæ хæдзæртты æрцахста. Тæрккъæвда иу æмæ дыууæ хатты нæ уарыд, фæлæ ацы хатт расайдта ахæм фыдбылызмæ. Хæдзæрттæ иу уысммæ доны бын фесты. Цъæх-цъæхид цæхæрадон цъыфдзастæй аззад. Уæдмæ дон бакалд кæртмæ дæр. Стæй цæрæн хæдзæрттæ йæ быны скодта. Адæмæн сæ бон æддæмæ рахизын дæр нал уыд.

Тæрккъæвда уарыд ихимæ. Дон кæдæм ацыдаид, уый нæ уыд æмæ æмбырд кæнын райдыдта сыхаг хъæуы уынгты. Стæй дæлæмæ ныццавта, йе разæй Цæллыччы исбон хæсгæйæ. Адæм фæфæдис кодтой.

Ахæм уавæры Цæлыччы цæрджытæ фыццаг хатт нæ бахаудысты. Кæддæр ма къæвда дон афтæ схæццæ цъыфимæ æмæ хъæумæ йæхи ныццавта. Уæд дæр адæмы хæдзæрттæ хъыгдард баййæфтой. Бирæты æнæнхъæлæджы цау схъуырмæ кодта. Ныр дæр та афтæ.

Хъæумæ уайтагъддæр фæзындысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Ирвæзынгæнджытæ. Адæмæн æххуыс кодтой. Уæззау техникæ батардтой алы хæдзармæ дæр, донцъирæн системæйæ адæмы пъадвæлттæ расыгъдæг кодой. Уыцы рæстæг Цæлыккмæ `рцыдысты Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, æрдз хъахъхъæныны æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен. Иумæ æрзылдысты хæдзæрттыл. Уавæр сæхи цæстæй федтой.

Бынæттон цæрджытæ изæрмæ сæ хæдзæрттæ сыгъдæг кæнынмæ сæхæдæг бавнæлдтой. Загътой сын, цæмæй фыдбылызы æмгъуыдмæ сæ бынæттæ раивой, фæлæ ничи сразы ис. Хицауады сæрдар уыцы ран сарæзта æвæстиат æмбырд. Архайдтой дзы бæрнон кусджытæ æмæ районы минæвæрттæ. Уынаффæ рахастой дарддæр куыстмæ лæмбынæгдæр кæсын æмæ иумæ фарста алыг кæнын. Фыццаджыдæр та – адæмæн баххуыс кæнын.

Уыцы бон хъæуы сфидар кодтой æнæнхъæлæджы уавæр. Æнæхъæн æхсæв ирвæзынгæнæнджытæ сæ цæст лæмбынæг дардтой, цæмæй уавæр ма аива. Цы зиан æрхаста ацы донраивылд, уый та нырма хъæудзæн сбæлвырд кæнын бæстонæй.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
«Адæмон фронт»-ы акци, ахуырады ногдзинæдтæ æмæ мадæлон æвзаджы райрæзт | Йæ рæстæгыл
4.08.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон! I 04.08.2026
4.08.2026
Хуыдæлты Тотрадз I Фæрдгуытæ
3.08.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 9: Изучение позднеаланской культуры | Ossetica
3.08.2026
Капитальный ремонт в школах, этнофестиваль «Рон», Феликс Царикати I Самое время
3.08.2026
Реставрация I Доброе утро, Осетия
3.08.2026
В итоге: 2 августа
2.08.2026
Олег Тайсаев | Песни под звездами
2.08.2026
Гуыцмӕзты Ренат ӕмӕ Хекъилаты Мирӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
2.08.2026
Сослан Андиев I В своем кругу
1.08.2026
Саутӕ, буртӕ, мыдхуызтӕ I 01.08.2026
1.08.2026
Год единения народов России I Гвардия
1.08.2026
Зарождение промышленности Северной Осетии I Ход истории
31.07.2026
Цас хъусдаринаг сты æхсæнады сагъæстæ фидæныл æмæ нырыккон архитектурæйы фарстатæ | Йæ рæстæгыл
31.07.2026
31.07.2026 I Доброе утро, Осетия!
31.07.2026
Все рекомендуемое