Абон сæ профессионалон бон бæрæг кæнынц архивы кусджытæ. Петр Фыццæгæмы реформæты руаджы Уæрæсейы фæзынд архивон службæ. Чингуытæ, газеттæ, рагон къамтæ, видеоæрмæджытæ æмбырд кæнын, архивон документтимæ нырыккон домæнтæм гæсгæ кусын, уыимæ ма сæ нымæцон хуызмæ ракæныны фарстатæ. Ахсджиаг ма у паддзахадон æмæ муниципалон архивты информаци бахъахъхъæнын дæр.
Стæм архивон документтæ ахадгæ историон цаутимæ. Ацы бæстыхайы фенæн ис алы дуджы ахсджиаг къæпхæнтæ. Уыйбæрц æрмæджытæ хорз уавæры дарын хуымæтæг хъуыддаг нæу.
Архивон фонд æппынæдзух хъæздыгдæр кæны ног документтæй. Цы ис, уымæй та пайда кæнынц рухстауыны нысанимæ. Фонды кусджытæ фæуадзынц къæлиндартæ, фæаразынц равдыстытæ æмæ æндæр хъæугæ мадзæлттæ. Зæгъæм, алы аз рауадзынц мыггæгты æмæ хицæн бинонты тыххæй информаци. Сæйрагдæр у цæмæй адæмы фæнда зонын сæ фыдæлты цард æмæ мыггаджы истори. Ныридæгæн рауагътой 9 томы. Уымæй уæлдай документтимæ цæуы æндæр куыст.
Къухфыст сбæрæг кæнынæн та хъæуы сæрмагонд курдиат. Арæх вæййы афтæ æмæ документы цы фыст ис, уый раиртасын вæййы æцæг хъаймæт. Инновацион технологитæй пайда кæнгæйæ специалистты къухы уый æнтысджынæй бафты. Ацы уаты та хъахъхъæд цæуынц 900 архивон фонды.
Сæ профессионалон бон дæр архивон фонды кусджытæ сты сæ куысты бынæтты. Сæ бæрны ис истори, кæцы хъæуы цæсты гагуыйау хъахъхъæнын.
















