Холлаг æмбырд æрмæст æхсæрсæттæг не`мбырд кæны. Рувас, бирæгъ æмæ æндæр стæм уазджытæ — хъæддаг куыйтæ. Мит рауарыд, уый та уый нысан у æмæ сæ къахы фæдтæм гæсгæ сæ базонын æнцондæр уыдзæн.
Сырдты зымæгон маршрутон хыгъд кæй хонынц, ахæмыл рацыдысты ме мкусджытæ. Уымæн æмæ митын фæндагыл дзæбæх зынынц сырдты змæлд, миграци æмæ сæ царды уаг.
Ацы фæдзæхст бынаты цæры 60 алыхуызон цæрæджы. 7 дзы хаст сты республикæ æмæ дунейы сырх чиныгмæ. Хъæуы сæм лæмбынæг кæсын. Хъахъхъæнынады службæйы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй браконьертæ фæдзæхст бынаты арæх нæ вæййы. Цæрæгойты фылдæр хъæуы хъахъхъæнын æрдзы фæзындтæй.
Фæдзæхст бынаты фæзуат — æнæххæст 30 мин гектары. Йæ бынат- Цæгат Кавказы скæсæны рдыгæй цæгат фахсыл. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй алыхуызон зайæгойтæ алы фæдзæхст бынаты нæ фендзынæ. Флорæйы хуызты нымæц у 1500-мæ ввахс. Се `ргом здахынц æрмæст зайæгойтæм æмæ цæрæгойтæм нæ, фæлæ боныхъæды ивддзинæдтæм дæр. Цæст фæдарын, банымайын, бахъахъхъæнын æмæ хатдзæгтæ скæнын. Цæгат Ирыстоны фæдзæхст бынаты ацы куыстыл хæст сты 100 адæймагмæ ввахс. Сæ ныхасмæ гæсгæ, ацы дæсныйад фылдæр разæнгардзинадыл æнцайы.
«Иуæй-иу хатт æрдзон уавæрты тыххæй кусджытæн вæййы зын архайæн. Бæрзонд хæхты арæх боныхъæд уадидæгæн аивы. Фæлæ куыст ахæм цымыдисаг у, æмæ ам баззайынц æрмæстдæр æнувыд адæм», — загъта Константин Попов, фæдзæхст бынаты директоры хæдивæг.
Ацы фæдзæхст бынатæн ис йæхи музей дæр. Æдæппæтæй 5 залы. Алайнаг керамикæ, хæххон дурты хуызтæ æмæ ирон адæмы этнографи – хæдзарады цæмæй архайдтой, уыцы предметтæ. Цæрæгойты стæгдартæ. Ис ахæм экспонаттæ дæр, æмæ æндæр музейты кæй нæ фендзынæ. Уазджытæ дæр сæм уымæн афтæ арæх цæуынц.
Альпийаг уыгæрдæнтæ, незаманы цъититæ, æхсæрдзæнтæ, историон цыртдзæвæнтæ. Æнæкъухæвнæлд æрдзы рæсугъддзинад æмæ цымыдисаг туристон маршруттæ. Ацы фæзуат дих у цалдæр хайыл — Цъæйы, Буроны, Æрхоны æмæ Фыййагдоны. Се `ппæт дæр — Цæгат Ирыстоны аивдæр бынæттæ.
Пелиты Сабинæ















