preloader
сейчас в эфире
18:05
БРЭЙН-НОВОСТИ 12+
Смотрите Далее
18:25
Гвардия 12+
19:00
НОВОСТИ 12+
19:20
Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ 12+
21:25
Я рядом (1-4 серии) 12+
ТВ ПРОГРАММА
БРЭЙН-НОВОСТИ 12+
close

Абон Зилгæйы кадджын мадзалы рæстæг байгом кодтой Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæн

26.09.2019 21:33

Сцæттæ Къостайы 160 азы юбилеймæ.

Абон Зилгæйы кадджын мадзалы рæстæг байгом кодтой Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæн. Сцæттæ Къостайы 160 азы юбилеймæ. Уыимæ ма ацы аз Зилгæйы хъæуыл сæххæст 205 азы дæр. Цæттæгæнæн мадзæлттыл бирæ адæм бацархайдтой. Бæлвырддæр хабæрттæ уын радзурдзæн нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ.


Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад Лалыты Левæн уæлдай зынаргъ у. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ ахæм зындгонд адæймаджы ном рох ма уа. Æмæ йæ цæмæй нæ кæстæртæ зоной, уый тыххæй йæ хæсыл нымайы, фидæны æнустæм фæлтæрæй фæлтæрмæ Леуаны фырты ном зæрдæты цæра.

Зилгæйы хъæуыл тагъд сæххæст уыдзæн 205 азы. Уыимæ Лалыты Левæн тынг æхсызгон у, Къостайы 160 азы юбилеимæ иу азмæ кæй æрцыдысты. Уый руаджы йын фадат фæци балæггад кæнын Зилгæйы адæмæн, æмæ сын сæ культурæйы хæдзары кæрты зындгонд фыссæджы цыртдзæвæн сæвæрдта. Нæлгоймаг иу æмæ дыууæ хатты нæ бацархайдта, ацы ахсджиаг хъуыддагыл. Уый размæ ма Къостайы номыл сæвæрдта 3 цыртдзæвæны.

Лев куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъуыддаг раппæлыны тыххæй нæ кæны. Йæ сæйраг нысан у адæмæн пайда хæссын, цæмæй дзы фидæны йæ кæстæртæ сæ сæртæ бæрзонд хæссой. Æмæ æрмæст Лев нæ хъуыды кæны фидæныл ахæм хуызы. Левимæ иузæрдионæй архайынц æндæр адæм дæр. Кцойты Герман æрæджы Беслæныхъæуы сæвæрдта бюст. Куыд нын радзардта, афтæмæй рагæй фæнд кодта нæ фыссæджы номыл исты хорздзинад ракæнын.

Ацы бæрæгбонмæ æрбамбæлыдысты кадджын уазджытæ Стъараполæй. Уыдонæн тынг æхсызгон уыд, Лалыты Левы сконд цыртдзæвæнæй разыйæ баззадысты. Зилгæйы адæм дæр æхсызгон уыд уазджытимæ фембæлд æмæ сæ сбуц кодтой лæвæрттæй. Уазджытæ ма бакастысты æмдзæвгæтæ дæр. Кæрæдзийæн арфæцы ныхæстæ ракодтой. Уæдæ хъæуы цæрджытæ дæр ныр сæрыстыр уыдзысты, сæ хъæуы ахæм цыртдзæвæн кæй сæвæрдтой, уымæй.

Тагъд рæстæджы Зилгæйы хæдзары культурæйы кæрты Къостайы цыртдзæвæны раз сараздзысты фонтан, æмæ ма уымæй уæлдай бандæттæ дæр. Кцойты Геманы хъæппæрисæй та ныссадзысты бæлæстæ.

Къутæрты Аидæ

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
05.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Новые отделения РКБ, антинаркотический месячник и актуальные новости прошедшей недели I Самое время
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Среда влияния I Изменение климата на Кавказе
3.06.2026
Залина Дзампаева I Истории из жизни
3.06.2026
Дело мастера I Нелли Гассиева
3.06.2026
Все про авто I Доброе утро, Осетия!
3.06.2026
Йæ рæстæгыл I Дзанайты Ольгæйы фæстаг фæндараст æмæ мыггæгты ног чиныг
2.06.2026
02.06.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
2.06.2026
01.06.2026 I Самое время
1.06.2026
День защиты детей I Доброе утро, Осетия!
1.06.2026
Все рекомендуемое