Адæмон фронты уæнгтæ баххуыс кодтой бирæсывæллонджын ныййарæгæн. Сылгоймаг кредиты фæрæзтæй райста хæдзар, фæлæ йæ сцалцæг кæнын къух нæ амоны. Активисттæ бинонты сифтонг кодтой арæзтадæн хъæугæ ифтонггæрзтæй.
Хъаирты Аринæ рагæй цы хæдзармæ бæллыд, уый къæсæрæй æхсызгонæй бахызт. Бирæсывæллонджын бинонтæ дæргъвæтин рæстæг цардысты сæ хиуæттæм. Лескены астæу чысыл хæдзарыл бинонтæ сæ цæст рагæй æрæвæрдтой. Фæлæ сылгоймагыл цард гадзрахатæй рацыд. Дыууæ азы размæ сылгоймаг æхсæз сывæллонимæ идæдзæй баззад. Аринæйæн йæ ныфс нæ асаст. Хæдзар кредитæй райста. Кусы артаджы станцæйы. Йæ мызд æрвылмæйон хæрдзтыл не ххæсы. Баххæст кæны кредиты фиддон, уæдæ йæ сывæллæттæн хæринаг уæддæр хъæуы. Сылгоймаджы фарсмæ æрбалæууыдысты адæмон фронты уæнгтæ.
Активисттæ æмæ Адæмон фронты уæнгтæ Хъаирты бинонтæн æрластой ламинат, плиткæ, æмæ сантехникæ. Баххуыс сын кæндзысты сæ æвæрынмæ дæр. Æхсæнадон архайджытæ æдзух æххуыс кæнынц, уæззау уавæры чи бахауд, ахæм бинонтæн.
Адæмон фронты дарддæр дæр сæ хъус дардзысты бинонты хъысмæтмæ. Кæддæриддæр цæттæ сты сæ фарсмæ æрбалæууынмæ.
















