«Иугонд Уӕрӕсе» мониторинг скодта Терчы былгæроны хицæн хайы. Дзӕуджыхъӕуы минӕвӕртты ӕмбырды Депутат Мӕрзаты Марик, администрацийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ подрядчик ӕркастысты объектмӕ ӕмӕ аргъ скодтой, цы куыст бакодтой, уымӕн. Рабӕрӕг кодтой чысыл фиппайнӕгтӕ, хæстæгдæр рæстæг сæ аиуварс кæндзысты. Фæнысан кæндзыстæм, ӕхсӕнадон ахсджиаг бынæттæ специалисттӕ бӕрӕг кӕнынц ӕппынæдзух.
Терчы былгæроны кусынц федералон программӕ “Горӕты æнцонвадат уавæртæ аразыны” фӕлгæты. Уым саив кӕндзысты Кировы уынгæй Чкаловы онг территори, уыимæ Кольбусы уынгæй Чапаевы онг бынат. Йӕ иумӕйаг фӕзуат — 12 мин квадратон метры. Ныртӕккӕ кусджытӕ æвæрынц плиткӕ. Фæзындзæн ма дзы нырыккон рухс, бандӕттӕ ӕмӕ урнӕтӕ.
Адæмон программæйы фæлгæты депутаттæ, уыимæ “Иугонд Уæрæсе”-йы минæвæрттæ бæрæг кæнынц горæты æппæт районты æмæ социалон нысаниуæг цы объекттæн ис, уыдон. Æнæзынгæ фиппайнæгтæ фæнысан кодтам, хæстæгдæр рæстæг сæ аиуварс кæндзысты, фæлæ архайды иумæйаг гуырахстыл нæ сахаддзысты.
Боныхъæд ивддзинæдтæ бахаста архайды æмгъуыдмæ, куыстытæ æххæст кæныны рæстæг чысыл фæдæргъвæтин. Фæлæ афæдзы кæронмæ фæуыдзысты.
















