Рацаразинаг фæндæгты хыгъды цы объекттæ ис, уыдон фылдæр кæнынц. Адæмон фронты проект йæ тыхы бацыд 2017-æм азы. Активисттæ æппынæдзух рабæрæг кæнынц цауд фæндæгтæ æмæ сæ сæрмагонд картæмæ бахæссынц. Сæ хъус дарынц ног цалцæггонд фæндæгтæм дæр. Ныр дæр радон хатт сбӕлвырд кодтой базилинаг объектты уавæр.
Инæлар Черняховскийы номыл уынджы цæрджытæ сæ фæндаджы уавæрæй уынгæджы сты. Къуыппытæ, дзыхъхъытæ æмæ цъымараты сæрты хизыныл бафӕлладысты. Ацы уынджы фæндаг цалцæг кодтой 10 азы размæ. Ныртæккæ заууатмæ æрцыд. Цæрджытæ хи хъарутæй архайынц фæндагмæ зилыныл. Стырдæр дзыхъхъыты агуыридуртæ равæрдтой. Къæвда бон дæ сыхагмæ æнæ резинæ цырыхъхъытæй нæ бауайдзынæ, зæгъгæ, зæгъынц цæрджытæ. Адæмон фронты уæнгты ныхæстæм гæсгæ, объект рацаразинаг фæндæгты хыгъдмӕ 3 азы размæ бахастой.
Калоты Зауырбеджы номыл уынджы фæндаг дæр кæд æмпъузгæ арæх кæнынц, уæддæр йæ уавæр сӕ хуыздæртæй нæу. Фæндаггæттæ æмæ цæрджытæ курынц, цæмæй йæ бындуронæй рацаразой.
Ацы районы та ис 3 социалон объекты — скъола, сывæллæтты рæвдауæндон æмæ поликлиникæ. Кусджыты тигъ кæй хонынц, уым хæдтулгæтæ дыууæрдæм кæнынц. Дзыхъхъыты иувæрсты ацæуыныл архайгæйæ, фистæгцæуджыты хаймæ рахизынц. Уый та æдас нæу.
Республикæйы рацаразинаг фæндæгты хыгъды æдæппæтæй ис 262 фæндаджы уадздзаджы. Сæ иумæйаг дæргъ у 170 километры. 95 объекты дзы бындуронæй рацарæзтой, 16 та хайгай сцалцæг кодтой. Ныридæгæн ма базилинаг сты 116 фæндаджы.
Цæрджыты курдиæттæ бахастой фæндæгты цалцæджы 2022-æм азы пъланмæ. Хæстæгдæр 2 азы Адæмон фронты проекты хыгъдæй сцалцæг кæндзысты 45 объекты. Аразинаг фæндаг фæнысан кæнын алкæй бон дæр у. Уый тыххæй хъæуы проекты сæрмагонд фарс dorogi-onf.ru-мæ бахизын интернеты, объекты уавæры тыххæй бæлвырд ныфыссын æмæ йæм къам бафтауын.
Дзæдзойты Фатимæ
















